Националон Банк - октябры, коммерцион банкты æмтгæйон активтæ фæкаддæр сты 427.12 млн ларийæ
Националон Банкы бæрæггæнæнтæй, октябры, раззаг мæйтимæ абаргæйæ, Гуырдзыстоны коммерцион банкты æмтгæйон активтæ фæкаддæр сты 427.12 млн ларийæ, кæнæ та 0.79% (ивæг курсы эффектæй цух 0.61 процентæй райрæзт) æмæ 2020 азы фыццаг ноябрмæ уыдис 53,92 млрд лари.
Банкон секторы акцион кампитал 5,63 млрд ларийы бæрц у, кæцы коммерцион банкты æмтгæйон активты 10,44 процентмæ æххæссы.
Националон Банкы информацийæ, 2020 азы фыццаг ноябры уавæрæй, Гуырдзыстоны банкон секторы архайынц 15 коммерцион банкы; сæ нымæцы 14 – уагæвæрдон капиталы фæсарæйнаг капиталы хайадæй.