Националон Банк – Гуырдзыстоны æддагон хæс æмтгæй райсгæйæ ахæццæ ис 19.7 миллиард АИШ доллармæ
Националон банкы бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны æнæхъæн æддагон хæс, 2020 азы 30 сентябры уавæрæй 19,7 миллиард АИШ доллар (64,7 миллиард лари) у, кæцы фæстаг цыппар кварталы æмтгæйон мид продукты 120,4 проценты бæрц у. 2020 азы æртыккаг кварталы Гуырдзыстоны æнæхъæн æддагон хæс райрæзтис 781,5 млн долларæй. Уыдонæй операцион ивддзинæдты тыххæй, хæс 584,3 млн АИШ долларæй фæфылдæр ис, æрмæст аргъы, курсон æмæ æндæр ивддзинæдты тыххæй хæс, – 83.3 млн АИШ долларæй, 48,9 млн АИШ долларæй æмæ 65 млн АИШ долларæй райрæзтис.
Националон банкы хъусинагæй, паддзахадон æддагон хæс аххæссыд 8.9 млрд АИШ доллармæ (29.3 млрд лари), кæцы ÆМП-ы 54.6% у, кæцытæй хицауадон секторы хæс у 6.8 млрд АИШ доллар (22.2 млрд лари; ÆМП-ы 41.4 %), Националон Банкæй даргæ хæстæ – 457,8 млн АИШ доллар (1.5 млрд лари; æмп-ы 2,8 процент), æрмæст паддзахадон амалиуæгадты облигацитæ æмæ хæстæ, 794.9 млн АИШ доллар (2.6 млрд лари; æмп-ы 4.9%) æмæ 904 млн АИШ доллар (3.0 млрд лари; æмп-ы 5.5%).
Уыйимæ иумæ ма Националон Банкы куыд хъусын кæнынц, афтæмæй, банкон секторы æддагон хæс аххæссыд 4.4 млрд АИШ доллармæ (14.6 млрд лари; æмп-ы 27.2 проценты).