МХМ хæлиу кæны фидиуæн Зугдиды 21 октябры «Гуырдзыстоны Банкы» стъыгъды фактыл цæугæ фæдагуырды фæдыл.
Уагдоны хъусинагæй, бырсты хайадисæг гоймагы ном рабæрæг кодтой.
МХМ æрсидтис медиафæрæзтæм æмæ дзыллæмæ, цæмæй сæм кæд исты амæлттæй бафтыд информаци чи у фыдгæнæг кæнæ йæ къам, уæд æй ма ахæлиу кæной.
«Фæнды нæ дзыллæйæн базонын кæнын æмæ уæлæмхас информаци раттын Зугдиды 21 октябры «Гуырдзыстоны Банкмæ» лæбурды фактыл цæугæ фæдагурыды фæдыл. Мидхъуыддæгты мнистрад, комплексон фæдæвзарæн-оперативон æмæ фæдагурæн мадзæлтты фæстиуæгæн, бырсты аххосджын гоймагы ном рабæрæг кодта æмæ уый идентифициргонд у. МХМ æрсидтис медиафæрæзтæмæ æм дзыллæмæ, цæмæй сæм кæд исты амæлттæй бафтыд информаци чи у фыдгæнæг кæнæ йæ къам, уæд æй ма ахæлиу кæной., уымæн æмæ афтæмæй фæкуылымпы уыдзæн фæдагуырд.
Пъæлицæйы идентификацигонд гоймаг кæм уыцы бынат сбæрæг кæнын æмæ йæ рцахсыны нысанæн, барадахъахъхъæнджытæ ацы афонмæ активонæй дарддæр кæнынц фæдæвзарнеон æмæ агурæн мадзæлттæ. Æрцæугæ фактыл фæдагуырд цæуы тугтæрхонон барады кодексы 179-æм, 236-æм æмæ 144-æм статитæй. Мидхъуыддæгты министрад факты тыххæй уæлæмхас информаци этапгай хъусын кæндзæн» – дзырдæуы МХМ-ы информацийы.