МХМ- Зугдиды  «Гуырдзыстоны Банкмæ» бырсæгы  ном  бæрæг у
МХМ- Зугдиды «Гуырдзыстоны Банкмæ» бырсæгы ном бæрæг у

МХМ  хæлиу кæны фидиуæн Зугдиды  21  октябры  «Гуырдзыстоны Банкы» стъыгъды  фактыл  цæугæ  фæдагуырды фæдыл.

Уагдоны  хъусинагæй,  бырсты хайадисæг  гоймагы  ном  рабæрæг кодтой.

МХМ  æрсидтис медиафæрæзтæм  æмæ  дзыллæмæ, цæмæй сæм кæд   исты амæлттæй  бафтыд информаци  чи у фыдгæнæг  кæнæ йæ  къам,  уæд æй  ма  ахæлиу кæной.

«Фæнды нæ  дзыллæйæн базонын кæнын  æмæ уæлæмхас информаци  раттын Зугдиды  21  октябры  «Гуырдзыстоны Банкмæ» лæбурды  фактыл цæугæ  фæдагурыды фæдыл. Мидхъуыддæгты мнистрад, комплексон  фæдæвзарæн-оперативон   æмæ   фæдагурæн  мадзæлтты фæстиуæгæн,  бырсты аххосджын  гоймагы ном рабæрæг кодта æмæ  уый идентифициргонд у.  МХМ  æрсидтис  медиафæрæзтæмæ æм дзыллæмæ, цæмæй сæм кæд   исты амæлттæй  бафтыд информаци  чи у фыдгæнæг  кæнæ йæ  къам,  уæд æй  ма  ахæлиу кæной., уымæн æмæ  афтæмæй  фæкуылымпы  уыдзæн  фæдагуырд.

Пъæлицæйы идентификацигонд гоймаг кæм уыцы бынат  сбæрæг кæнын  æмæ йæ  рцахсыны нысанæн, барадахъахъхъæнджытæ ацы афонмæ  активонæй дарддæр кæнынц  фæдæвзарнеон æмæ агурæн  мадзæлттæ. Æрцæугæ  фактыл  фæдагуырд цæуы тугтæрхонон барады кодексы 179-æм, 236-æм æмæ 144-æм статитæй.  Мидхъуыддæгты министрад факты тыххæй  уæлæмхас информаци   этапгай  хъусын кæндзæн» – дзырдæуы МХМ-ы   информацийы.