Прокуратурæ Гиорги Бачиашвилийы ныййарджыты ныхмæ тугтæрхоны барадмæ гæсгæ  фæдагуырд райдыдта
Прокуратурæ Гиорги Бачиашвилийы ныййарджыты ныхмæ тугтæрхоны барадмæ гæсгæ фæдагуырд райдыдта

Гуырдзыстоны прокуратурæ тæрхонгонд Гиорги Бачиашвилийы ныййарджыты ныхмæ æнæзакъонон æфтиæгты легализацийы æххуысы аххосагæй уголовон хъуыддаг райдыдта. Уый фæдыл Гуырдзыстоны прокуратурæ рапарахат кодта расидæн.

Прокуратурæйы информацийæ, 2015-2017 азты, Гиорги Бачиашвили, кæцыйы барджын  хицауиуæгады æмæ  йæ дæлбар  уыд, майнингы инвестицийы  фæтсиугæн бакуыст, Бидзина Иванившилимæ  хауæг  криптовалютæ, инвесторæн нæ  алæвæрдта  виртуалон  активты  æмбæлгæ бæрцæй æмæ  æнæзакъононæй  йæхи бакодта Бидзина Иванишвилийы  сæрмагонд 8 986.8675  биткоины, цæй фæстæдæр фæнысангонд активты легализаци скодта.

Фæдагуырдæй рабæрæг ис, цæмæй  амалгонд активты  хайæн закъонон хуыз раттыны  нысанæн, Бачиашвили  хъуыддагмæ баиу кодта  йæ  ныйарджыты.

«Уый фæстиуæгæн Гиоргий Бачиашвили 2017-2023 æзты йæ ныййарджыты æххуысæй криминалон фæрæзтæй райсгæ активтæй æнæзакъонон æфтиаг 2 944 957 АИШ доллар æмæ 1 097 187 ларийы бæрц легализаци кодта.

Гуырдзыстоны уголовон кодексы 25-æм статьяйы 194-æм хайы 3-æм хайы дæлпункт «с»-ы нысангонд фыдракæнды тыххæй дыууæ гоймагы ныхмæ дæр ист æрцыд уынаффæ, кæцы æфхæрды формæ æмæ мадзалæй 9 азæй 12 азы онг ахæстоны фæбадыны тыххæй æнхъæлмæ кæсы.

Прокуратурæ тæрхондонмæ закъонæй снысангонд æмгъуыдмæ бацæудзæн превенцион мадзалы снысан кæныны куырдиатæй» – ис фыст Гуырдзыстоны прокуратурæйы парахатгонд расидæны.