ПÆК -  ист æрцыд  цалдæр иуæг рæмудзæн гарзæг æмæ стыр нымæцæй рæмудзæн буарад, кæцыйы змæлды организацигæнæг  уыд Украинайы æмбæстаг Андрей Шарашидзе
ПÆК - ист æрцыд цалдæр иуæг рæмудзæн гарзæг æмæ стыр нымæцæй рæмудзæн буарад, кæцыйы змæлды организацигæнæг уыд Украинайы æмбæстаг Андрей Шарашидзе

Паддзахадон æдасдзинады куысы контртеррористон  центр,  уагъд оперативон-агурæн  æмæ  фæдагурæн  архæйдтыты  фæстиуæгæн, цалдæр иуæг  специалон  рæмудзæн  гарзæг  æмæ стыр нымæцæй халæн   буарад систа – уый фæдыл  ПÆК-ы лæвæрд брифингыл фехъусын кодтой.

Уагдоны хъусинагæй, фæдагурæн архæйдтыты фæлгæтты, рагафон  оперативон информацийы бындурыл, контртеррористон  центры  кусджыты уагъд, конкретон  автотранспортон фæрæзы джигулы фæстиуæгæн, ист æрцыд   электро хæдтулгæйæн дыууæ иуæг  аккумулятор. ПÆК-ы хъусинагæй,  уæвæг  аккумулæтортæй спайда кодтой куыд контейнертæй афтæ.

«Сбæрæг ис, цæмæй  рæмудзæн  гарзæгтæ æфсæддон рауагъды пластикон   буарад С-4  у, кæцыйы скусын кæнын гæнæн ис  электродетонаторы  æмæ специалон  таймеры  фæрцы.  Рæмудзæн  буарады  æмтгæйон уæз 14 килограммæ  хæццæ кæны. Контейнерты афтæдæр æвæрд уыис  6 иуæг  детонатор æмæ 6 иуæг  специалон  дæгъæл.  Рæмудзæн  гарзæгы  æхсæз  индивидуалон асыккы  монтажгонд уыдис  скусын кæнынæн   6  электронон таймер, кæцыты программонæй нырид фыст уыдис  скусын кæныны рæстæг», – райхъусын кодтой  ПÆК-ы.

ПÆК-ы хъусинагæй,  рæмудзæн гарзæгты Гуырдзыстонмæ æрбаласыны, бæстæйы  масштабæй змæлды, иуæй-иу  контейнеры  Уæрæсейы Федерацимæ транзитонæй аласыны, æрмæст иннæйы, сæйраг горæты  æрывæрыны баст уыдысты  Гуырдзыстоны авд, Украинайы æртæ æмæ Сомихыстоны дыууæ  æмбæстаг. Хъуыддаджы æрмæджытæй фæнысангонд процессæн органиацизинад  кодта Украинайы æмбæстаг, 2020 азы Одессæйы  зылды  бынæттон  Радæйы  Киевы районы  депутаттæм кандидат «дæмы лæггадгæнæгæй»  Анрей  Шарашидзе, кæцы  равзæрдæй у Батумаг.  Фæнысангонд гоймаг  Гуырдзыстоны  фæфсарæнтæй  активон цæстдард æххæст одта  уæлдæрбанысангонд рæмудзæн гарзгты змæлдæн.

«Фæнысангонд хъуыддаджы деталтæ æмæ фактон  балæуд дæтты уыцы гуырысхойы  бындур, ома Гуырдзыстоны территорийæ спайда кæнын  æмæ æппæт  ацы процессы Гуырдзстоны æмбæстæгты бирæтæй баиу кæнын, уыцы хъуыдыйы  саразынæн цыдис, цæмæй террористон актты, кæцытæ сыххæст уыдаиккой Гуырдзыстоны кæнæ йæ арæнты æддæйæ,  фæаххосджын уыдаит Гуырдзыстон куыд  сплан кæныны, афтæ  сæ  сыххæсты хъуыддаджы», – хъусын кæнынц ПÆК-ы.