Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрад æрсидтис Дманисы быцæугонд фарсытæм, бакоммæкæсæт пъæлицæй законон æркуырдмæ æмæ бахъахъхъæнæт сабырдзинад, цæмæй ма сцырын кæнæт цардуаджы æфсонæй райдайгæ конфликты аразгæйæ этникон быцæудзинадмæ арйзæны кæнын – уый фæдыл банысангонд у Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады фидиуæны.
Фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй, быцæудзинады ногæй райдаын маруадзыны æмæ фæзындты аразгæйæ эскалацийæ хиаиуварс кæнынæн, уагдоны кусджытæ мобилизацигонд сты æмæ хъахъхъæнынц æхсæнадон сæрфад.
«Мидхъуыддæгты министрад, куыд сæрфад хъахъхъæдыл бæрнон уагдон, Дманисы æрымбырдуæвæг æмбæстæгтæм сиды, бахъахъъхæнæт законы æркуырд æмæ сабырдзинад. Пъæлицæй архайдзæн уымæ лæвæрд мандаты фæлгæтты æмæ реакци равдисдзæн законхæлды кæцыфæнды фактыл.
МХМ-ы уагъд фæдæвзарæнон мадзæлттæй ацы этапыл бæрæг у, цæмæй цæугæ азы 16 майы Дманисы царджуаджы аххосæй бынæттонтæ фæбыцæу сты кæрæдзиимæ, кæцы фæстæдæр айрæзтис кордон тыхмидзинадмæ. Пъæлицæй идентификаци скодта быцæудзинады хайадисæг уæнгты, фæдагуырды фæлгæтты уагъд цæуы алы æнæмæнгхъæугæ фæдæвзарæнон æмæ процессон архæйдтытæ.
Дманисы быцæудзинад рафæлхатт маруадзыны æмæ фæзындты аразгæйæ эскалацийæ хиаиуварс кæныны нысанæн, мидхъуыддæгты министрады кусджытæ мобилизацигонд сты æмæ æхсæнадон сæрфад хъахъхъæнынц.
Мидхъуыддæгты министрад ноджы иу хатт сиды быцæугонд арсытæм, бакоммæкæсæт пъæлицæйы законон æркуырдтæн æмæ бахъахъхъæнæт сабырдзинад, цæмæй ма сцырын кæнæт цардуаджы æфсонæй райдайгæ конфликты аразгæйæ этникон быцæудзинадмæ арйзæын кæнын,» – хъусын кæнынц МХМ-ы.