МХМ ахæлиу кодта  официалон фидиуæн Дманисы цæугæ  фæзындты фæдыл
МХМ ахæлиу кодта официалон фидиуæн Дманисы цæугæ фæзындты фæдыл

Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрад  æрсидтис  Дманисы быцæугонд фарсытæм,  бакоммæкæсæт пъæлицæй  законон æркуырдмæ  æмæ  бахъахъхъæнæт сабырдзинад, цæмæй  ма  сцырын кæнæт  цардуаджы æфсонæй  райдайгæ конфликты  аразгæйæ  этникон  быцæудзинадмæ арйзæны кæнын –  уый фæдыл  банысангонд у Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады фидиуæны.

Фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй,  быцæудзинады   ногæй  райдаын маруадзыны  æмæ  фæзындты  аразгæйæ  эскалацийæ  хиаиуварс кæнынæн, уагдоны  кусджытæ  мобилизацигонд сты æмæ  хъахъхъæнынц  æхсæнадон сæрфад.

«Мидхъуыддæгты министрад, куыд  сæрфад хъахъхъæдыл бæрнон уагдон,  Дманисы  æрымбырдуæвæг  æмбæстæгтæм сиды, бахъахъъхæнæт  законы æркуырд æмæ сабырдзинад.  Пъæлицæй  архайдзæн  уымæ лæвæрд  мандаты фæлгæтты æмæ  реакци равдисдзæн  законхæлды  кæцыфæнды фактыл.

МХМ-ы  уагъд  фæдæвзарæнон  мадзæлттæй  ацы  этапыл  бæрæг у, цæмæй  цæугæ  азы 16 майы Дманисы  царджуаджы аххосæй  бынæттонтæ фæбыцæу сты  кæрæдзиимæ, кæцы фæстæдæр айрæзтис  кордон тыхмидзинадмæ.  Пъæлицæй  идентификаци скодта  быцæудзинады  хайадисæг   уæнгты, фæдагуырды  фæлгæтты уагъд цæуы  алы æнæмæнгхъæугæ  фæдæвзарæнон æмæ   процессон архæйдтытæ.

Дманисы  быцæудзинад рафæлхатт маруадзыны æмæ фæзындты  аразгæйæ эскалацийæ хиаиуварс кæныны нысанæн, мидхъуыддæгты министрады кусджытæ  мобилизацигонд сты æмæ   æхсæнадон сæрфад хъахъхъæнынц.

Мидхъуыддæгты министрад ноджы иу хатт сиды  быцæугонд арсытæм, бакоммæкæсæт  пъæлицæйы  законон  æркуырдтæн  æмæ  бахъахъхъæнæт сабырдзинад, цæмæй  ма  сцырын кæнæт  цардуаджы æфсонæй  райдайгæ конфликты  аразгæйæ  этникон  быцæудзинадмæ арйзæын кæнын,» – хъусын кæнынц  МХМ-ы.