МХМ æмæ генералон прокуратурæ  наркореализацигæнджыты  транснационалон организацигонд  фыдракæнд раргом кодтой
МХМ æмæ генералон прокуратурæ наркореализацигæнджыты транснационалон организацигонд фыдракæнд раргом кодтой

Гуырдзыстоны  мидхъуыддæгты министрад æмæ Гуырдзыстоны  гепнералон прокуратурæ  наркореализацигæнджыты  транснационалон  организацигонд  фыдаркæнд раргом кодтой  æмæ организацигонд фыдгæнæгон  къорды лидерты  æмæ уæнгты  рабæрæг кодтой. Уый фæдыл прокуратурæйы   уагъд брифингыл райхъусын кодтой.

«Тугтæрхоны барады  хъуыддагыл уагъд  фæдагуырды фæстиуæгæн,   раргом ис   наркореализацигæнщджыты  фыдгæнæгон схемæ, кæцымæ  гæсгæ дæр  организацигонд  къорды уæнгтæ, фæстаг азты дæргъы  Гуырдзыстоны  æндæр æмæ æндæр регионты    практиконæй алы    хуызæн  наркотикон   фæрæзтæ,  а.х.   локацитыл   нывæрыны  фæндагæй   реализаци æххæст кодтой.  Афтæма раргом ис  наркотикты реализацийæ  райсгæ  сæрмагондæй  стыр нымæцæй æнæзакъонон  æфтиагы   легализацийы  æмæ  суммæйы  бæстæйы арæнты æддæмæ аласыны фæндæгтæ.

Пъæлицæйы æндæр æндæр рæстæджы æмæ  бынæталы уагъд фæдагурæн   архæйдтыты  фæстиуæгæн, ацы  жатпыл   тугтæрхонон барадон   дзуаппмæ лæвæрд   сты  транснационалон  организацигонд  фыдгæнæгон  къорды  æртæ къухдариуæггæнæг,  къорды дыууæ уæнг  æмæ а.х.  16 та  «нывæрджытæ»,  кæцыты нымæцы  куыд Гуырдзыстоны, афтæ  Болгарийы  æмæ Турчы æмбæстæгтæ  сты», –   райхъусын кодтой  прокуратурæйы.

Прокуратурæйы  хъусинагæй,  2021-2023  азты   наркотиктæй  базарады фæстиуæгæн, организацигонд  къорды уæнгтæ   трансакцитæй  райстой  15 2300 071  ларийы, 2 577 004  доллары æмæ 10 210   евройы бæрц æфтиаг.

Фæсарæнты уæвæг   фыдгæнæгон  къорды къухдариуæггæнджытæ æмæ Гуырдзыстоны æрцахстуæвæг уæнгтæн  нырид бавдыстæуыд   аххосаг  Гуырдзыстоны  тугтæрхоны барады кодексы   260-æм  (организацигонд къорды сæрмагондæй стыр бæрцæй  наркотикон фæрæзты  æнæзакъононæй балхæд,  бавæрд, реализаци)  æмæ Гуырдзыстоны  тугтæрхоны барады кодексы194-æм ( организацигонд къорды рдгæй  æнæзакхъонон æфтиагы  легализаци, кæцыимæ  ма  уыдис сæрмагондæй  стыр бæрцæй  æфтиагы райст)  статиæй, кæцы æфхæрды хуызæй æмæ мадзалæй   йæ хъуыдыйы  дары 20 азы  онг кæнæ æнæмгъуыд ахст.  Зылынгæнæг фарс,  тæрхондонмæ,  алы æрцахстуæвæгæн   æфхæрды  мадзалæй – ахст стæрхон кæныны   фæдыл курдиатæй  баздæхт. Фæдагуырд сыххæст кæндзæн æмбæлгæ    процедурæтæ  фæсарæнты уæвæг   зылынмæ лæгæрдты   бæлвырд бынат   сбæрæг кæныны æмæ   расттæрхонмæ  раттыны  нысанæн. Иурæстæгонæй  тæрхондоны æмбæлгæ   уынаффæйæ, хъоды æвæрд æрцыд  организацигонд фыдгæнæг къорды  Гуырдзыстон банкон  хыгъдтыл æмæ уымæ æвæрд   æхцайыл, афтæма змæлгæ-æнæзмæлгæ мулкыл», –  банысангонд у прокуратурæйы информацийы.