Генералон прокуратурæйы æхца ссурс кæныны ныхмæ тохы æхсæнуагдонон кусæн  къорды фембæлд ацыд
Генералон прокуратурæйы æхца ссурс кæныны ныхмæ тохы æхсæнуагдонон кусæн къорды фембæлд ацыд

Гуырдзыстоны  генералон прокуратурæйы æхца ссурс кæныны ныхмæ  тохы  æхсæнуагдонон кусæн  къорды фыццаг фембæлд  ацыд. Уый фæдыл  информаци  Гуырдзыстоны генералон прокуратурæ хъусын кæны.

«Æхсæнуагдонон кусæн  къорд нысан у  ауæрæхгонд  фембæлдты  форматы уынаффæ кæныны æхца ссурс кæныны  фыдракæнды ныхмæ тохы  эффективондзинад сбæрзонддæрæн аæм ахсджиаг фарстатыл, цахæмдæр сты  Гуырдзыстоны ахæлиугонд æхца ссурс кæныны  фыдракæнды типологиты анализ, бæрзонд рискыты сферæты  идентификаци скæнын, уæвæг  националон æмæ æхсæнадæмон рекомендацитæ æмæ сæ  имплементацийы  процесс, практикон   цæвиттонтæ афæлгæсты принципæй æрымбыргонд  практикæйы  райхалын æмæ ацы  фыдракæнды фæдагуырд/сурыны  фарстатыл иугъæдон  практикæ  æрфидар кæнын.

Банысанкæнинаг  у, цæмæй Европæйы  советы æхца ссурс кныны  æмæ терроризмы  финансдзинады  ныхмæ  здæхт  мадзæлтты аргъгæнæг  æвзæрст экспертты комитеты (Moneyval) æрдгæй Гуырдзыстоны фæндзæм раунды  аргълæвæрды процессы, Гуырдзыстоны прокуратурæйы æрдгæй  хца ссурс кæныны ныхмæ  тохы  эффективондзинад райрæзын кæныны  нысанæн уагъд  мадзæлттæ, афтæма хца ссурс кæныны  фæдагуырды æмæ тугтæрхоны барадон  сурыны  æрдгæй  уæвæг  стратеги позитивон аргълæвæрд райста», –  банысангонд у прокуратурæйы информацийы.