МХМ æмæ генералон прокуратурæ наркореализацигæнджыты транснационалон организацигонд фыдракæнд раргом кодтой
Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрад æмæ Гуырдзыстоны гепнералон прокуратурæ наркореализацигæнджыты транснационалон организацигонд фыдаркæнд раргом кодтой æмæ организацигонд фыдгæнæгон къорды лидерты æмæ уæнгты рабæрæг кодтой. Уый фæдыл прокуратурæйы уагъд брифингыл райхъусын кодтой.
«Тугтæрхоны барады хъуыддагыл уагъд фæдагуырды фæстиуæгæн, раргом ис наркореализацигæнщджыты фыдгæнæгон схемæ, кæцымæ гæсгæ дæр организацигонд къорды уæнгтæ, фæстаг азты дæргъы Гуырдзыстоны æндæр æмæ æндæр регионты практиконæй алы хуызæн наркотикон фæрæзтæ, а.х. локацитыл нывæрыны фæндагæй реализаци æххæст кодтой. Афтæма раргом ис наркотикты реализацийæ райсгæ сæрмагондæй стыр нымæцæй æнæзакъонон æфтиагы легализацийы æмæ суммæйы бæстæйы арæнты æддæмæ аласыны фæндæгтæ.
Пъæлицæйы æндæр æндæр рæстæджы æмæ бынæталы уагъд фæдагурæн архæйдтыты фæстиуæгæн, ацы жатпыл тугтæрхонон барадон дзуаппмæ лæвæрд сты транснационалон организацигонд фыдгæнæгон къорды æртæ къухдариуæггæнæг, къорды дыууæ уæнг æмæ а.х. 16 та «нывæрджытæ», кæцыты нымæцы куыд Гуырдзыстоны, афтæ Болгарийы æмæ Турчы æмбæстæгтæ сты», – райхъусын кодтой прокуратурæйы.
Прокуратурæйы хъусинагæй, 2021-2023 азты наркотиктæй базарады фæстиуæгæн, организацигонд къорды уæнгтæ трансакцитæй райстой 15 2300 071 ларийы, 2 577 004 доллары æмæ 10 210 евройы бæрц æфтиаг.
Фæсарæнты уæвæг фыдгæнæгон къорды къухдариуæггæнджытæ æмæ Гуырдзыстоны æрцахстуæвæг уæнгтæн нырид бавдыстæуыд аххосаг Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 260-æм (организацигонд къорды сæрмагондæй стыр бæрцæй наркотикон фæрæзты æнæзакъононæй балхæд, бавæрд, реализаци) æмæ Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы194-æм ( организацигонд къорды рдгæй æнæзакхъонон æфтиагы легализаци, кæцыимæ ма уыдис сæрмагондæй стыр бæрцæй æфтиагы райст) статиæй, кæцы æфхæрды хуызæй æмæ мадзалæй йæ хъуыдыйы дары 20 азы онг кæнæ æнæмгъуыд ахст. Зылынгæнæг фарс, тæрхондонмæ, алы æрцахстуæвæгæн æфхæрды мадзалæй – ахст стæрхон кæныны фæдыл курдиатæй баздæхт. Фæдагуырд сыххæст кæндзæн æмбæлгæ процедурæтæ фæсарæнты уæвæг зылынмæ лæгæрдты бæлвырд бынат сбæрæг кæныны æмæ расттæрхонмæ раттыны нысанæн. Иурæстæгонæй тæрхондоны æмбæлгæ уынаффæйæ, хъоды æвæрд æрцыд организацигонд фыдгæнæг къорды Гуырдзыстон банкон хыгъдтыл æмæ уымæ æвæрд æхцайыл, афтæма змæлгæ-æнæзмæлгæ мулкыл», – банысангонд у прокуратурæйы информацийы.