Мидхъуыдтæгты министрад фæстаг 24 сахаты дæргъы æнæхъæн бæстæйы полицийы операциты фæстиуæгæн наркотикты аххосагæй 42 адæймаг æрцахста
Мидхъуыдтæгты министрад фæстаг 24 сахаты дæргъы æнæхъæн бæстæйы полицийы операциты фæстиуæгæн наркотикты аххосагæй 42 адæймаг æрцахста

Мидхъуыдтæгты министрад фæстаг 24 сахаты мидæг æппæтбæстæйон полицион операци сарæзта, кæцыйы рæстæджы дæр наркотикты аххосагæй 42 адæймаг æрцахстой – уый фæдыл министры хæдивæг Александр Дарахвелидзе мидхъуыдтæгты министрады брифингыл расидтис.

Мидхъуыддæгты министры хæдивæджы ныхæстæм гæсгæ, ахстгондты фылдæр хай сты наркотикты сæйраг уæйгæнджытæ, иуæй-иуты та аххосджын кæнынц стыр бæрц наркотиктæ æнæзакъонæй балхæныны æмæ æвæрыны хъуыддаджы.

«Барадхъахъхъæнджытæ æрцахстой уæлдай стыр бæрц алыгъуызон наркотикты хуызтæ, кæцытæ хъуамæ уæй кæной афтæхуыйнæг сау базарыл.Аст æрцыдысты ахæмтæ: «Героин», «Кокаин», «Альфа ПВП», «Бупренорфин», «Субоксон», «Метадон», «Кетамин», «Мефедрон», «Мари» «Мари» æмæ æндæртæ Дарахвелидзе расидтис.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, аххосджынтæ цы фыдракæндтæ сарæзтой, уыдонæн æфхæрд цæуы 20 азы онг, кæнæ та цæрæнбонтæм ахæстоны фæбадын.