Мидхъуыдтæгты министрад Тевдоре Мгъвделийы уынгыл æрцæугæ зынгсирвæзты фæдыл расидæн парахат кæны
Мидхъуыдтæгты министрад Тевдоре Мгъвделийы уынгыл æрцæугæ зынгсирвæзты фæдыл расидæн парахат кæны

Мидхъуыдтæгты министрад Тбилисы, Тевдоре Мгъвделийы уынгыл æрцæугæ зынгсирвæзты фæдыл расидæн рапарахат кодта.

Уагдоны куыд зæгъынц, афтæмæй бæстыхайы зынгсирвæзт, æвæццæгæн, æрцыд хæлд электрон телтæй.

«Мидхъуыддæгты министрады ауагъд фæдæвзарæны рæстæджы сбæлвырдгонд развæлгъау информацимæ гæсгæ, Тбилисы Тевдоре Мгъвделийы уынгыл уæвæг базарадæн нысангонд æмæ уæвæг бæстыхæйттæй иуы зынгсирвæзт, æнхъæлмæкæсинагæй, æнæххæст электротелты аххосæй сырæзт.

Ацы объектмæ хæстæг æвæрд CCTV-камерæты фыст æрмæгмæ æркæсгæйæ, рабæрæг, æвæццæгæн, зынгсирвæзты фыццаг хос кæй уыдысты электрон телтæ. Инциденты бæлвырд аххосаг сбæлвырд кæныны тыххæй, Гуырдзыстоны уголовон кодексы 187-æм статьяйы 2-æм хайы пункт «а»-мæ гæсгæ райдыдта фæдагуырд, кæцы йæ ​​зæрдыл дары исбонæн зиан æрхæссын кæнæ скуынæг кæнын зынгсирвæзты руаджы.

Тбилисы, Тевдоре Мгъвделийы уынгыл зынгсирвæзты фæдыл хъусынгæнинаг мидхъуыдтæгты министрады æхсæнадон æдасдзинады управленийы центр – 112-мæ абон, 26-æм августы, райсомæй бацыд. Уæлвæткон уавæрты  управленийы  зынгхуыссынгæнæн  æмæ  ирвæзынгæнæн дæлхайæдтæ  куыд  гæнæн ис  афтæ  бынатмæ æрбахæццæ сты  æмæ зынг ахуыссын кæныны фæдыл активон куыст райдыдтой. Бынатыл мобилизацигонд æрцыд мидхъуыддæгты министрады æндæр æмбæлон дæлхайæдтæ дæр. Тæссаг уыд арт сыхаг бæстыхæйттæм ахæлиу кæнынæй, фæлæ зынгхуыссынгæнæн æмæ ирвæзынгæнæн къордтæн бантыст рæстæгыл зынгсирвæзт ахуыссын кæнын. Инциденты фæстиуæгæн зианбаййафæг нæ уыд» -ис фыст мидхъуыдтæгты министрады расидæны.