Мидхъуыддæгты министрад, Тбилисы полицийы дыууæ операцийы фæстиуæгæн, сæрмагонд стыр бæрц æндæр æмæ æндæр хуызы наркотиктæ систа
Мидхъуыддæгты министрад, Тбилисы полицийы дыууæ операцийы фæстиуæгæн, сæрмагонд стыр бæрц æндæр æмæ æндæр хуызы наркотиктæ систа

Знон Тбилисы уагъд дыууæ полицион операцийы фæстиуæгæн, мидхъуыдтæгты министрады кусджытæ сæрмагондæй стыр бæрц æндæр æмæ æндæр хуызы наркотиктæ систой, се æхсæн 12 минмæ æввахс таблеткæ «Экстази» æмæ 520 таблеткæ «Суботекс». Уый фæдыл Тбилисы полицийы департаменты директор, Важа Сирадзе, департаменты арæзт брифингыл расидтис.

Сирадзе куыд банысан кодта афтæмæй, Централон криминалон полицийы департаменты æмæ Тбилисы полицийы департаменты кусджытæ æндæр æмæ æндæр бынæтты уагъд оперативон мадзæлтты æмæ фæдагурæн архайдтыты фæстиуæгæн æрцахстой 1959 азы гуырд Дж.Г., кæцы ивгъуыд рæстæджы бирæ хатт уыд тæрхонгонд, æмæ 1979 азы гуырд Лавийы Республикæйы æмбæстаг Э.К., наркотиктæй пайда кæныны аххосагæй.

«Азымджынты сæрмагонд дзаумæттæ, хæдтулгæтæ æмæ рæстæгмæ цæрæнбынат басгæрсты рæстæджы барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ æвдисæндарæн æрцахстой уæлдай стыр бæрц наркотиктæ, уыцы нымæцы 12 000 таблеткæйы онг «Экстази», 520 таблеткæйы «Суботекс», кокаин, МДМА æмæ марихуанæ». Фæдагуырды фæстиуæгæн пъæлицæйæгтæ ма байстой наркотиктæ æфснайынæн хъæугæ æрмæджытæ, электрон барæн, клейон лентæ æмæ, æвæццæгæн, наркотиктæ æнæзакъонæй уæй кæныны фæстиуæгæн райсгæ стыр суммæ.

Фæдагуырд цæуы уголовон кодексы 260 статьямæ гæсгæ. Тæрхонгонд куы æрцæуа, уæд фыдракæндæн æфхæрд цæуы 20 азы онг, кæнæ та цæрæнбонтæм ахæстоны фæбадын.

Мидхъуыддæгты министрад дарддæр кæны æнæкомпромиссон тох наркотикты æнæзаконон зилдух æмæ парахат кæныны ныхмæ. «Ацы здæхты барадхъахъæнджытæ æнæрлæугæйæ æххæст кæнынц æмбæлон вазыгджын мадзæлттæ æнæхъæн бæстæйы масштабæй», -расидтис Важа Сирадзе.