Медийы хъусинагæй, Болгарийы байгом ис газдадзæн «IGB», кæцыйæ  бæстæ  æрдзон газы  Азербайджанæй  исдзæн
Медийы хъусинагæй, Болгарийы байгом ис газдадзæн «IGB», кæцыйæ бæстæ æрдзон газы Азербайджанæй исдзæн

Болгарийы байгом ис  газдадзæн  «IGB», кæцыйæ  бæстæмæ  цæудзæн æрдзон газ Азербайджанæй.  Информаци хъусын кæны «Дойче Велле».

«Газдадзæны  байгомы  бæрæгбонон церемони  Болгарийы сæйраг горæты  абон  ацыд, кæцыйыл  Еврокомиссийы  президент  Урсула фон дер Ляйен дæр уыд. Уый газдадзæны  эксплуатацимæ  раæйст, Болгарийæн  æмæ хуссар-хурыскæсæн  Европæйæн, ног эпохæйы  райдайæнæй  схуыдта.

«Раздæр Болгари   газы  80%  иста  Уæрæсейæ.  Афтæ уыдис  уæдмæ цалынмæ   Уæрæсе  аскуыддзаг кодтаит  Украинайы  нызхмæ ацы  æбуалгъ   хæсты æмæ Европæйы ныхмæ  энергохæст райдаын.  Ацы газдадзæн  у  хъазты  ивд  Болгарийы æмæ  Европæйы  энергетикон  æдадсзинадæн» – райхъусын кодта  Урсула фон дер Ляйен.

Агентады куыд фыссынц  афтæмæй,  газдадзæн  кæрæдзиимæ  иу кæны  Болгарийы националон гахы хызаг  æмæ  Грецийы  газы хызаг.  Газдадзæнæй  æрдзон газ Азербайджанæй, Грецийы  уылты  Болгаримæ хъукамæ бахæццæ уа, урдгæй  та Сербимæ, Цæгат Македонимæ, Румыни æмæ Венгримæ.  Ног газдадзæны  фæрцы Болгари  æрвылазонæй  иу миллиард  кубон метр  æрдзон  газ исдзæн.