Хæдрасидт Днестргæроны нырма дæр хъуысы æхстытæ. Уый фæдыл информаци хуъсын кæны бынæттон медиа телеграмм каналты фæрцы.
Куыд хуъсын кæнынц афтæмæй, æхсты гуыппытæ цæуы цæрæн пункт Колбаснайы цур, цы ран ис æфсæдон æвæрæнтæ. Сæ информацийæ, æхсты фæстиуæгæн амæттаг нæй. Æндæр деталтæ нырма бæрæг не сты.
Цæрæн пункт Колбасна Рыдницкы районы, Украинайы арæнæй 5 километры ис.
Бакой уын кæндзыстæм, хæдрасидт Днестргæроны территорийыл 25 æмæ 26 апрелы стындты æмæ æхстыты гуыппытæ цалдæр хатт айхъуыст. Молдовæйы президент райхъусын кодта, цæмæй Днестргæроны мидæгæй архайæг тыхтæ, уавæры дестабилизаци кæнын архайынц. Æрцæугæйы тыххæй, Молдовæйы президент Майя Сандуйы уынаффæйæ, бæстæйы æдасдзинады мадзæлттæ фæкарздæр кодтой.