«Ройтер» - Иран æмæ Афгъаснитаны  арæныл æхсты  фæстиуæгæн, дыууæ ирайнаг  арæнхъахъхъæнæг æмæ «Талибаны» иу  хæцæг  амардысты, ис  дзы цæфтæ дæр
«Ройтер» - Иран æмæ Афгъаснитаны арæныл æхсты фæстиуæгæн, дыууæ ирайнаг арæнхъахъхъæнæг æмæ «Талибаны» иу хæцæг амардысты, ис дзы цæфтæ дæр

Дыууæ ирайнаг арæнхъахъхъæнæг æмæ «Талибаны»  иу хæцæг  амардысты  Иран æмæ Афгъанистаны  арæныл æхсты фæстиуæгæн. «Ройтеры» информацийæ,  ис  цæфтæ  дæр.

Нырма бæрæг нæу, цы  ссис быцæумбæлды  провоциргæнæг, фæлæ  ацы инцидент даоны бары фæдыл  дыууæ  бæстæйы  æхсæн  ахастыты фæкарзы фоныл æрцыд.

Агентад «Ройтеры» информацийæ.   Иран  Афгъанистаны 1973 азы бафыст бадзырды  фехалыны аххосджын кæны, кæцымæ  гæсгæ дæр,  Афгъанистан йæхим райста хæс,  афæдзы мидæг Иранæн  850 милуан кубомерт  дон  бадæтта  Афгъанистаны  сегасдæр даргъ  цæугæдон Гелмандæй.

Фарсытæ   æхсты баконды  кæрæдзйы  зылынджын кæнынц.