Йерусалемы æхсты фæстиуæгæн  фæмардуæвджыты нымæц æртæйы онг фæфылдæр ис
Йерусалемы æхсты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц æртæйы онг фæфылдæр ис

Йерусалемы  æхсты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц æртæйы онг  сырæзт. Дыууæ критиконæй  цæф  карджын  æмбæстаг рынчындонмæ  бакæныны фæстæ  амард, иу æвзонг сылгоймаг та бынатыл æрбамард.  Афтæма  цæф сты æхсæз адæймаг.

Йурусалемы мэр  горæты  æдасдзинады  стынг кæныны фæдыл  райхъусын кодта. Хицауад æрцæугæ  схуыдта  террористон  актæй.

Дыууæ гарзджын бырсæг  æхст Йерусалемы  бацæуæны  лæууæныл уæвæг адæмыл бакодта.  Уыдоны пъæлицæй бынатыл  «сæнæзианхъом кодта» Израилы  æдасдзинады куысты  хъусинагæй,  бырст дыууæ палестинаг  æфсымæр сыххæст кодтой, «Хамасы» уæнгтæ сты  æмæ ивгъуыды  терроистон архæйдтыты тыххæй  уыдысты ахст.

Цауы бынатмæ бацæуæг  Израилы националон  æдадсдзинады министр райхъусын кодта, цæмæй  Израил террорæн æфсæддон тыхæй  хъуамæ сдзуапп кæна.  Йæ дзырдæй, хъæуы Израилы  æмбæстæгтæн æхсæнгарз байуарын.