Австралийы Бондийы донбылыл æхсты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 15-мæ схызт
Австралийы, Бондийы донбылыл æхсты фæстиуæгæн амæттæгты нымæц 15-мæ схызт. Медиа хъусын кæны Сиднейы полицийы æрдыгæй.
Мардты ‘хсæн ис сывæллон дæр. Зианбаййафджыты кар у 10 азæй 87 азы онг. 42 цæф рынчындæтты баззадысты.
Барадхъахъхъæнджыты ныхæстæм гæсгæ, аххосджынтæ сбæрæг сты. Уыдон сты фыд æмæ фырт, 50 аздзыд фыды бынатыл барадхъахъæнджытæ амардтой. 24-аздзыд лæппу фæцæф ис æмæ пъæлицæйы цæстдардæй рынчындоны ис.
Пъæлицæйæгтæ сбæлвырд кодтой, 50-аздзыд фыдгæнæгмæ кæй уыд юридикон хæцæнгарз. Йæ номыл регистраци æрцыд æхсæз æхсæнгарзы.
Австралийы премьер-министр Энтони Албанезейы ныхасмæ гæсгæ, цау уыд æнæбары æмæ развæлгъау арæзт фыдбылызы архайд, кæцыйы нысан уыд дзуттаг æхсæнад.
Пъæлицæйæгтæ нырма бæрæг кæнынц фыдракæнды мотив.