Медиайы  хъусинагæй, Сомихыстоны премьер-министр æмæ Азербайжаны президент Санкт Петербургы  дыууæ  бæстæйы æхсæн  сабырадон бонвæтк æркастысты
Медиайы хъусинагæй, Сомихыстоны премьер-министр æмæ Азербайжаны президент Санкт Петербургы дыууæ бæстæйы æхсæн сабырадон бонвæтк æркастысты

Сомихыстоны премьер-министр  Никол Пашинян  æмæ Азербайджаны  президент  Ильхам Алиев  Санкт-Петербургы дыууæ бæстæйы  æхсæн  сабырадон  бонвæтк æркастысты.  Информаци уый фæдыл хъусын кæны азербайджайнаг медиа.

Агентад  «Тренд» куыд фыссы афтæмæй, Никол Пашинян  æмæ Ильхам Алиевы фембæлд æнæформалон уыд. Сæ бадзырд Санкт Петербурджы  Хæдбар Паддзахадты Æмгарады  бæстæты  лидрты фембæлды рæстæджы ацыд.

Пашиняны Алиевимæ фембæлды фæдыл информаци бæлвырд кæны  Сомихыстоны  премьер-министры  пресскуыст дæр.