Медиайы хъусинагæй, Китайы ковидарæвæндты ныхмæ протестон рацыдтæ  дарддæр кæнынц
Медиайы хъусинагæй, Китайы ковидарæвæндты ныхмæ протестон рацыдтæ дарддæр кæнынц

Китайы ковидыл  арæнæвæрдты  ныхмæ  протестон  рацыдтæ, Урумчийы фæстæ, æндæр горæтты  дæр цæуынц.  «ВВС»  куыд хъусын кæны, афтæмæй,  Шанхайы  мингай адæймаг   рацыд уынгтæм  арæнæвæрдты  спротест кæнынмæ  æмæ Урумчийы  зынгсирвæзты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты  нæмттæ ссардта.

Протестон акцийы  æвдисæг фото  æмæ видеоæрмæг  социалон хызæгты ахæлиу ис.  Демонстрацийы  хъуысынц  Китайы  лидеры Сидзинпины  куыстуæгъды фæдыл  æркуырдтæ.

Социалон хызæгты  афтæдæр хæлиу кæны  Китайы цалдæр университеты студентты  протесты фæдыл хъусинæгтæ.

25 ноябры, Синдзияны  регионы центры, горæт  Урумчийы  бирæуæладзыгон  цæрæн  корпусы  зынгсирвæзты  фæстиуæгæн  фæхъуыд   дæс адæймаг.  Бынæттонты  хай, мæлæты  цауты сбастой   горæты архайæг локдаунимæ, цæй тыххæй дæр, сæ  ныхасмæ гæсгæ, корпусы цæрджытæн  бæстыхайæ афоныл рацæуын нæ  бантыст, уымæн æмæ рацæуæнтæ  хайгай  блокиргонд уыд.  Китайы хицауад  аххосагыл нæ сæтты, фæлæ Урумчийы  бынæттон  хицауад  хатыр  ракуырдта æмæ   дзырд ратта, цæмæй бæрнон уæнгтæ дзуаппмæ лæвæрд æрцыдаиккой.

Китайы хицауад  Синдзияны   регионы  сегасдæр карз   карантин  сфидар кодта. Урумчийы  кæцыйы цæрджытæ 4 милуаны бæрц стæ,  локдаун нырид 100 бон у цы даргъ кæны.  Æмбæлстæгтæн  хæдзæрттæй  рацæуын фæдзæхст у.  Горæты фæстаг   боны мидæг   коронавирусæй инфициарды  100  цау  сбæрæг ис.