Мариуполы мэры хъусинагæй, горæты хæст райдаынæй зæгъæн ис фондз мин адæймаг  амард
Мариуполы мэры хъусинагæй, горæты хæст райдаынæй зæгъæн ис фондз мин адæймаг амард

Хæст райдаынæй  Мариуполы   зæгъæн ис фондз мин адæймаг амард, уыдонæй  210  сывæллæттæ.  Æмбæлгæ  бæрæггæнæнтæ  ахæлиу кодта Мариуполы  мэр  Вадми Бойченко.

Мэры информацийæ,  горæт нырид 27 бон  у Уæрæсейы тыхтæ æрхъуыла  кодтой.

Мэры хъусинагæй, бирæуæладзыгон  æмæ  хицæн хæдзæртты  90% калд кæнæ æрдæгкалд сты.  Уыимæ горæты æнæхъæнæй калд сты æртæ  рынчындон, иу  поликлиникæ æмæ  иу æвгъæддон.

51 зиангонд скъолайæ 23 æнæхъæнæй  калд сты. Афтæма 70 зиангонд  рæвдауæндонæй   калд сты 28.

Мариуполы  афтæдæр  зиангонд у   дыууæ  завод, порт æмæ  æфсæддон хайад.

Мариуполы  блокадæйы онг горæтæй  рацыдысты140 мины онг адæймаг, блокадæйы фæстæ та, горæтæй  150  мин  адæймагы эвакуаци бантыстис. Мэры бæрæггæнæнтæй, ацытæккæ  блокадæйы уæвæг горæты  баззад 170 мины онг æмбæстаг.