Сергей Шойгу – Мариупол æмæ Бердянскы  денджызон  наулæууæнтæ нормалон режимы кусынц æмæ цæттæ сты хор аласынæн
Сергей Шойгу – Мариупол æмæ Бердянскы денджызон наулæууæнтæ нормалон режимы кусынц æмæ цæттæ сты хор аласынæн

Мариуполы  æмæ Бердянскы  денджызон  наулæууæнтæ  нормалон режимæй  кусынц æмæ  рæвдз сты  хоры аласынмæ, – уый фæдыл  Уæрæсе Федерацийы  хъахъхъæнынады министр  Сергей Шойгу  райхъусын кодта.

Уæрæсейы  хъахъхъæнынады уагдоны  къухдариуæггæнæджы дзырдæй,   зæгъгæ Мариуполы  наулæууæны  рæмудзæн гарзæгтæй  ныссыгъдæг кодтой  æмæ уый нормалонæй  кусы,  нырид фыццаг  уæзласæн наутæ  дæр райста.

«Мариуполы  этапгай сног уыдзæн дон æмæ   электроэнергийы бадæттын   цæрæн  рæттæм,  сыгъдæг кæнынц  уынгтæ, райдыдта  фыццаг  социалон объектты  куыст», –  райхъусын кодта  министр чи у, уый.  Уæрæсейы  хъахъхъæнынады министр   афтæдæр банысан кодта,  цæмæй  уацары уæвæг   украинаг æфсæддæтты æмтгæйон нымæц  у 6 489.