Сергей Шойгу хъусын кæны, цæмæй  растад, фыццаджы дæр, Уæрæсейы  гарзджын тыхты минæвæртты  сæ æфсæддон ардæн иузæрдыгдзинады  тыххæй нæ бантысти
Сергей Шойгу хъусын кæны, цæмæй растад, фыццаджы дæр, Уæрæсейы гарзджын тыхты минæвæртты сæ æфсæддон ардæн иузæрдыгдзинады тыххæй нæ бантысти

Уæрæсейы  хъахъхъæнынады министр  Сергей Шойгу   фыццаг хатт сдзуапп кодта  Уæрæсейы  хицæн  æфсæддон компани «Вагнеры»   растады  архайдæн.  Уæрæсейы   падзахадон агентад  «ИТАР-ТАСС»  куыд   фыссы афтæмæй,   Шойгу нымайы,  цæмæй растад, фыццаджы дæр, Уæрæсейы гарзджын тыхты  минæвæртты сæ ардæн иузæрдыгзинады   тыххæй нæ бантыст.

Уæрæсейы   хъахъхъæнынады  уагдоны  хистæр хъусын кæны, цæмæй  «Провокаци  нæ  бандæвдта  Украинайы   дислоциргонд  æфсæддон   къордты  архæйдтытыл».

«Æфсæддон  гæстæ   æхсарджынæй  æмæ  сæруæлдайæ  æххæст кодтой  сæ рардтæ», – райхъусын кодта Шойгу.

Бакой уын кæндзыстæм, Уæрæсейы растады  архайд  23-25  июны  æрцыд. А.х. рæстдзинады маршæй   хицæн æфсæддон компани  «Вагнеры»  къухдариуæггæнæг  Евгений Пригожин  Уæрæсейы   æфсæддон   къухдариуæгады  сæ куыстæй  сисын   план кодта.  Фæстагмæ уый Александр Лукашенкойы   æхсæны бацыдæй, æрныхас кодта, кæцымæ гæсгæ дæр,   Пригожин  хиæмбæхсæн райста Минскы, æрмæст «Вагнеры»  уыцы хæцджытæн, кæцы нæ  исынц  хайад  растады, Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрадимæ контракт бафыссын уыдзæн с æбон.