Воронежы  губернаторы хъусинагæй  «Вагнеры»  хайадтæ  облæсты  территори æнæэксцесстæй  уадзынц
Воронежы губернаторы хъусинагæй «Вагнеры» хайадтæ облæсты территори æнæэксцесстæй уадзынц

Хицæн сæрмагонд   компани  «Вагнеры»  хайадтæ  Воронежы   облæсты территори æнæэксцесстæй уадзынц. «ВВС»  куыд фыссы  афтæмæй,   уый фæдыл облæсты губернатор  Александр  Гусев   хъусын кæны.

«Цæуы  хицæн æфсæддон  компани «Вагнеры»  хайадты   змæлд   Воронежы  облæсты территорийыл.  Уый цæуы  штатон режимы  æмæ æнæэксцесстæй», – фыссы  губернатор социалон хызаджы.

Губернаторы  хъусинагæй,  регионы  алы   арæнæвæрд   ситуацийы  фæстагмæ   æрсабыры  фæстæ  аивдзысты.

Бакой уын кæндзыстæм, знон   «Вагнеры»  хæцджытæ   Ростовы æмæ Воронежы   æфсæддон объекттæ  бацахстой  æмæ  Мæскуыйы  æрдæм фæцæйцыдысты. Фæстагмæ   бадзырды фæстиуæгæн   æххуырс  хæцджыты  колоннæтæ   сæ   лагерты  æрдæм аздæхтысты.