Володимир Зеленски æмæ Реджеб Тайип Эрдогъаны æхсæн уыд телефонон бадзырдтæ
Украинайы президент Володимир Зеленски туркаг коллегæ Реджеб Тайип Эрдогъанимæ телефонон ныхасы рæстæджы Украинайæн æдасдзинады гæнæн гарантитæ, Уæрæсеимæ бадзырдты адарддæр кæнын æмæ Мариуполæй цæф æфсæддæтты, афтæма сабырадон цæрджыты эвакуацийы фарстатæ æркастис. Уый фæдыл хъусын кæны туркаг медиа.
Уæвæг информацийæ, ныхасы рæстджы туркаг лидер банысан кодта, цæмæй уавæр бонæй-бон фыддæрдæр кæны æмæ ма бафтдыта, цæмæй æнæмæнгхъæугæ у Мариуполæй сабыр цæрджыты æмæ цæфты эвакуаци.
Эрдогъаны дзырдæй, зæгъгæ Анкъара цæттæ у сифтонг кæна бадзырды процессы алы хъæугæ ауæлттæ, сæ нымæцы æхсæны лæджы рол. Уый ма бафтдыта, цæмæй позитивонæй аргъ кæны фарстайæн суа Украинайы æдасдзинады гарантæй.
Эрдогъанимæ ныхасы фæдыл «Твиттеры» ныффыста Володимир Зеленски дæр.
«Нысаниуæгджын телефонон ныхас мын уыд президент Эрдогъанимæ йæ бадзырдты размæ Путинимæ. Уый фæныхас кодта Мариуполæй, сермагондæй «Азовсталы» территорийæ æмбæстæгты æнæаргъæвгæ эвакуацийыл æмæ блокировкæгонд æфсæддон персоналы баивды æнæмæнгхъæуындзинадыл. Æркастыстæм бадзырдты процесс, Туркимæ æмæ æндæр бæстæтимæ Украинайы æдасдзинады гарантиты координацидзинабыл. Слæууын кодтам фарстатæ Украинайы иргъæвхъомады фæрæзты, афтæма глобалон хæлцадон æдадсзинады фæдыл, кæцы тасы раз æрлæууыд Сау Денджызы науты блокировкæйы тыххæй» – ныффыста Зеленски «Твиттеры».