Мамука Бахтадзе – Сидын нæ абхазаг æмæ ирон æмбæстæгтæм, Гуырдзыстоны фидæн, нæ зæрдыл дарæм æрмæстдæр сымахимæ иумæ
Уырнæг дæн, сымах иузæрдыгæй æмæ сæруæлдайæ хъахъъæндзыстут Гуырдызстоны интерестæ æмæ гуырдзиаг хæстоны намысджын номы иузæрдыг уыдзыстут – афтæ баздæхт Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе рекруттæм æмæ ногсидтонтæм, кæцытæ абон æфсæддон ард бахордтой.
«Арфæ кæнын æппæт Гуырдзыстонæн æмæ уын арфæ кæнын Хæдбардзинады бон – сеппæтæй стыр националон бæрæгбон! Арфæ кæнын алкæцы æмбæстагæн, нæ эмигранттæн, алкæмæн, кæмæндæриддæр 26 май зынаргъ у» – райхъусын кодта премьер-министр.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстоны хицауад райдыдта æфсæддæттæн æмæ сæ бинонтæн æфсæддон сахары арæзтад Тбилисы æмæ Бахтадзе куыд райхъусын кодта афтæмæй, ахæм программæтæ ноджы фæтыхджындæр уыдзысты зæгъгæ.
«Гуырдзыстонæн ис бирææнусон истори. Ацы истори у хæцыны истори, хæст сæрибардзинадæн æмæ уырнынадæн, нæ традицитæн, нæ хæдбындурдзинад бахъахъхæнынæн, уыцы хæзнаты хъахъхъæнынæн, кæцытæ нæ иумæйаг Европаг цивилизаци сæвзæрын кодтой.
Ратсдæр уый тыххæй, нæ европаг æвзæрст – нæ историон æмæ цивилизацион æвзæрст у, кæцы сæвзæрдис, гуырдзиаг нацийы сæруæлдай тохæй æмæ кæцы ссис Гуырдзыстоны Фыццаг демокративон республикæйы сæвзæрды бындур.
Мæ хæлæрттæ, абон уыцы республикæйы гуырæн бон, кæцыйæн йæ уæвындзинад Гуырдзыстонæн, нæдæр æддæ занг æмæ нæдæр мидæггаг нæ æбарстой. Абон нын ис демокративон, сæрибар, европаг типы паддзахад, кæцы растдæр уыцы хæзнатыл æнцой лæууы, 100 размæ кæцыты фидар кодта Фыццаг Республикæйы фæлтæр. Мах райгонд стæм алкæмæй, чидæриддæр ацы бæстæ ай æнгты æрбахæццæ кодта.
Мах бирæ рыстытæ бавзæрстам сæрибардзинады тыххæй, иудзинады тыххæй æмæ алы хæст йæ хъайтарты фæбæрæг кодта! Гуырдзиаг адæм никуы ферох кæндзæн фыдыбæстæйы иузæрдыг хъæбулты, кæцытæ сæ цард снывонд кодтой нæ фыдыбæстæйы намысæн – Жиули Шартава, Зураб Иараджули, Заза Дамениа, Гиорги Анцъухелидзе æмæ нæ алы хъайтары ном, æнустæм бацæудзæн нæ бирææнусон историмæ, æмæ фидæны фæлтæртæ хъомыл кæндзысты сæ дæнцыл.
Мæ хæлæрттæ, нæ тох сæрибардзинады, сабырдзинады æмæ хуыздæр фидæны тыххæй абон дæр даргъ кæны» – банысан кодта премьер.
Мамука Бахтадзе, абхазаг æмæ ирон æмбæстонтæм дæр æрсидтис æмæ райхъусын кодта, цæмæй зæгъгæ «Гуырдзыстоны фидæн, нæ зæрдыл дарæм æрмæстдæр сымахимæ иумæ».
«Ацы бæрæгбон мæ фæнды, нæ абхазаг æмæ ирон æмбæстонтæн зæгъын æмæ раарфæ кæнын нæ иумæйаг фыдыбæстæйы хæдбардзинады бон!. Ай у уыцы бон, кæцы нæ алкæй хъуамæ иу кæнид!
Нæ фыдæлтæ фæрсæй-фæрстæм хæцыдысты нæ иумæйаг фыдыбæстæйы сабырдзинады æмæ дзæбæхдзинадæн æмæ фæнды зæгъын уын, цæмæй сымахæй алкæй рыст у Гуырдзыстоны рыст æмæ Гуырдзыстоны алкæцы æнтыст та у сымах æнтыст! Мах Гуырдзыстоны фидæн, æрмæст смыахимæ иумæ дарæм нæ зæрдыл!.
Гуырдзыстоны алкæцы æмбæстагы мидæг цæры нæ бирææнусон истори æмæ иурæстæгонæй, Гуырдзыстоны алы æмбæстаг аразы нæ фыдыбæстæйы фидæн!
Æрмæст рæзынадæй æмæ сабырадæй, сæруæлдай куыстæй æмæ æмуддзинадæй, фыдыбæстæйы уарзтæй æмæ нæ националон идея- ахуырадæй, мах фæтых уыдзыстæм мæгуырдзинадыл! ФÆтых уыдзыстæм оккупацийыл æмæ сараздзыстæм иууон æмæ фидар паддзахад!.
Абон 26 майы, махимæ иумæ бæрæгбон кæнынц нæ бæстæйы хæлар бæстæты минæвæрттæ æмæ мæ фæнды зæгъын æхсæнадæмон дзыллæйæн, цæмæй æнæмæнгæй æрлæудзæн уыцы бон, Æппæт Дуне ноджы иу хатт куы ссардзæн сеппæтæй ахуыргонд, æмуд, сабыр, иууон æмæ фидар Гуырдзыстон! Ноды уын иу хатт арфæ кæнын алкæмæн гуырдзыстоны Хæдбардзинады бон! Ай мах бон у! Кад Хъайтартæн! Хуыцауæй фæдзæхст уæнт Гуырдзыстон!» – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.