Майк  Помпео Гуырдзыстонæн арфæ кæны хæдбардзинады бон - АИШ-ы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн ис æнæфæцудгæ стратегион партнерад, кæцы бындурæвæрд у иумæйаг хæзнаты æмæ сæрибардзинад фидар уарзтыл
Майк Помпео Гуырдзыстонæн арфæ кæны хæдбардзинады бон - АИШ-ы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн ис æнæфæцудгæ стратегион партнерад, кæцы бындурæвæрд у иумæйаг хæзнаты æмæ сæрибардзинад фидар уарзтыл

АИШ-ы паддзахадон нымæрдар  Майк  Помпео  Гуырдзыстонæн арфæ кæны хæдбардзинады бон.

«АИШ-ы   хицауады  номæй,   арфæ  кæнын  гуырдзиаг адæмæн  Хæдбардзинады  бон.  АИШ-ы  æмæ  Гуырдзыстоны  æхсæн ис æнæфæцудгæ   стратегион партнерад,  кæцы  бындурæвæрд у  иумæйаг  хæзнаты æмæ   сæрибардзинад  фидар уарзтыл,  хæдбардзинадыл  æмæ  иудзинадыл.  АИШ-æ  хъæддых у  йæ хæсисты,  Гуырдзыстоны   суверенитет æмæ   территорион æнæхъæнжзинады æрдæм, йæ æхсæнадæмонæй  нымад  арæнты  æмæ  разы  стæм гуырдзиаг адæмы  дырыс  æвзæрстимæ, Евроатлантикон интеграцийы фæндагыл.   АИШ  аргъ кæны  Гуырдзыстоны  инвестицитæн хæдиргъæфхъомад фæфиадры  хъуыддаджы  æмæ   йæ  нысаниуæгждын хайбавæрдæн  æхсæнадæмон æдасдзинады æрдгæй, уый нымæцы  Афгъанистаны  НАТО-йы  миссийы.   Гуырдзиаг  æфсæддæттæ  æхсарджынæй  службæ  кодтой æмæ  сæ ном  сын арæм гуырдзиæгтæн,  кæцытæ  глобалон сабырдзинад æмæ æдасдзинад æрфидарæн  уый йас  снывонд  кодтой.

Фидæн азмæ æнхъæлмæ кæсæм дыууæфарсон  ахастытæ  ноджы  сбонджындæр кæнын, уымæн æмæ Гуырдзыстон  æххæст кæны   реформæтæ, кæцытæ  фидардæр кæнынц демокративон процесстæ бæстæйы  æмæ  хæдбар тæрхондоны руаджы  фæфидаргонд  закъоны  сæйрагдзинад.  Хъæддых  йæ фарс хæцæм  Гуырдзыстоны  экономикон райрæзтæн  æмæ «Ковид-19»-ы  пандемийыл фæтых уыны æрдæм тыхархайдæн.  Ахæм кризисон  афон нын  америкæгтæн   бакой  кодта   америкаг æмæ гуырдзиаг  адæмты æхсæн  хæларады  æцæг арфад  æмæ аргъдзинад» –  кæсæм майк Помпеойы  фидиуæны.