Гуырдзыстоны хæдбардзинады бонмæ гæсгæ, Тбилисы цалдæр уынгыл змæлд уыдзæн тобæгонд
Гуырдзыстоны хæдбардзинады бонмæ гæсгæ, Тбилисы цалдæр уынгыл змæлд уыдзæн тобæгонд.
Мидхъуыдтæгты министрады расидæны куыд ис фыст, афтæмæй змæлд уыдзæн арæнæвæрд Руставелийы проспектыл Сæрибары фæзы æрдæм, Зураб Чъичъинадзейы уынгы алвæды размæ фæндагон хайы, 27-æм майы 08:00 сахаты онг Гуырдзыстоны хæдбардзинады бонмæ гæсгæ.
«Сæрибары фæзыл æмæ йæ алфæмблайы фæзуатыл змæлд тобæгонд у. Уымæй уæлдай ма, 28-æм майы кæронмæ змæлд тобæгонд у президенты галуаны алфамбылай, Атонелийы уынгыл.
Сæ нымæцы 28-æм маймæ гæсгæ, змæлд у арæнæвæрд Хус хидмæ æввахс районы, Италийы æмæ Атонелийы уынгты» – ис фыст мидхъуыддæгты министрады информацийы.