Мамука Бахтадзе - 20 июны æхсæв у рыст æмæ уаргъ, кæцыйы  мæ цæрæнбонты дæргъы  мæ зæрдыл дардзынæн
Мамука Бахтадзе - 20 июны æхсæв у рыст æмæ уаргъ, кæцыйы мæ цæрæнбонты дæргъы мæ зæрдыл дардзынæн

20 июны æхсæв  у стыр рыст  æмæ уаргъ  кæцыйы  мæ царды  кæронмæ хæсдзынæн, – райхъусын  кодта Мамука Бахтадзе  ток шоуты акæнджытимæ фембæлдыл.

Уыйимæ иумæ  Мамука Бахтадзе  банысан кодта,  цæмæй  кæддæриддæр куыста националон  интересты хъахъхъæнгæйæ, цæй тыххæй  дæр  цæсгомджынæй, æдæрсгæйæ.

«Тынг бирæ зилын Гуырдзыстоны мидæг  æмæ афтæ  адарддæр кæндзынæн.  Цæудзынæн сæрыстырæй, æдæрсгæйæ, уымæн æмæ  цы арызтон, алцыппæт уыдис  нæ националон   интерестæ бахъахъъхæнынæн.

Цыдæриддæр та  20 июны æхсæвмæ æххæссы. Ай  у рыст æмæ уаргъ, кæцыйы  мæ цæрæнбонты дæргъы  мæ зæрдыл дардзынæн  æмæ уырнæг дæн,  афтæ йæ зæрдыл лæуудзæн Гуырдзыстоны кæцыфæнды æмбæстагæн» –  райхъусын  кодта Мамука Бахтадзе.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ алчи федта  куыд цыдис штурм Гуырдзыстоны парламентмæ.

«Пъæлицæй, ацы пассивон кордон, физикъонæй нал  урæдта,  штурмæн йæ ныхмæ слæууын хъом нал уыдис  æмæ тыхыбын баисты  ацы специалон  фæрæзтæй  спайда кæнын,хъыгагæн.  Ай у  стыр рыст, кæцыйы  хъыгагæн  мæ цæрæнбонты дæргъы мæ зæрдыл дардзынæн.  Цыдæриддæр та ме  премьерæй  куысты периодмæ æххæссы,  сеппæтæй  къаддæр, мæ  бафæндид – искæмæ уа  эйфорий, ома зæгъгæ Мамука Бахтадзе  алцæмæн бахъом ис»-  райхъусын  кодта Мамука Бахтадзе.

Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе  абон«Фейсбукы»   публикаци скодта фидиуæн, кæцымæ гæсгæ  уый  йæ куыстæй  йæхи исы. «Мæнæн  стыр  кад  уыд,  æмæ  иу рæстæгонæй   стыр бæрн,  бакуыстаин  Гуырдзыстоны премьер-министры рангы  нæ бæстæйы   интерестæ бахъахъхъæнынæн. Æз уыдтæн æмæ уыдзынæн  «Гуырдзиаг бæллиццы»  балы уæнг  æмæ нæ бæстæйы  иузæрдыг сæрыл хæцæг.  Фæнды мæ  бузныг зæгъын   мæ развæдгæнджытæн  æмæ æнтыстытæ  ракувон  фидæн премьер-министрæн».