Мамука Бахтадзе – Мæ  хъуыдымæ гæсгæ, мæ мисси ацы этапыл  сыххæст кодтон
Мамука Бахтадзе – Мæ хъуыдымæ гæсгæ, мæ мисси ацы этапыл сыххæст кодтон

Мамука Бахтадзе  абон  ахæлиугонд фидиуæны мидæг банысан кодта, цæмæй  уадзы премьер-министры пост.  Мамука Бахтадзе фыссы, цæмæй  йæ хуъыдымæ гæсгæ, йæ мисси  ацы этапыл  кæронмæ  сыххæст кодта.

«2018  азы  Гуырдзыстоны  премьер-министры  постмæ мæ бавдысты  нысан æмæ  сæйраг  мандат уыд  растдæр  бæстæйы  рæзынады стратегион фæлгæттæ  скæнын æмæ  æрфидар кæнын, кæцы  фæдылдзог  азты  дæргъы   сифтонг кодтаит  нæ паддзахадон нысæнттæм баххæссын, суыдаит бæстæйы рæзынады фæндагамонæг чиныгæй.

Рæзынады стратегион фæлгæт  арызт у, æрфидар ис æмæ уымæ æмбæлгæйæ дæр ахицæн кодтон  постæй хи суæгъд кæнын, уымæн æмæ мæ хъуыдымæ гæсгæ,  мæ мисси  ацы  этапыл сыххæст кодтон.

Мæнæн  стыр кад æмæ  иурæстæгонæй  бæрн уыдис  бакуыстаин Гуырдзыстоны премьер-министры рангы  мæ  бæстæйы  интерестæ бахъахъхъæнынæн.

Æз уыддæн æмæ уыдзынæн  «Гуырдзиаг Бæллиццы» балы уæнг  æмæ нæ бæстæйы  æмзæрдæ сæрыл хæцæг»- банысангонд у Мамука Бахтадзейы  фидиуæны.

. Мамука Бахтадзейы премьер-министрæй  Гуырдзыстоны парламент 2018  азы  20  июны   сфидар кодта.2017 азы  13  ноябрæй,   2018  азы  20   июны онг та Мамука Бахтадзе  Гуырдзыстоны финансты  министр уыд.  Министрæй  снысан кæныны размæ та,  ахста  гуырдзыстоны æфсæнвæндаджы  генералон  директоры   пост.