26 маймæ гæсгæ масштабон  мадзæлттæ ацы  аз нæ ацæудзысты, премьер-министр Хæдбардзинады бон сбæрæгбон кæндзæн, Вазианийы, хъахъхъæнынады тыхтимæ иумæ
26 маймæ гæсгæ масштабон мадзæлттæ ацы аз нæ ацæудзысты, премьер-министр Хæдбардзинады бон сбæрæгбон кæндзæн, Вазианийы, хъахъхъæнынады тыхтимæ иумæ

Дунейы пандемийы  тыххæй,  Гуырдзыстоны Хæдбардзинады бонмæ гæсгæ масштабон  мадзлæттæ  ацы   азæ нæ ацæудзысты.  Хицауады  сæргълæууæг  Гиорги Гахариа  26 майы  сбæрæгбон кæндзæн Вазианийы  цыппæрæм бригадæйы  базæйыл,  Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхтимæ  иумæ, – уый фæдыл фехъусын кодта премьер-министры  пресс-спикер  Ираклий Чиковани.

Премьеры  пресс-спикеры  информацийæ,  адæмы æмбырд ма руадзыны нысанæй,  æндæр æмæ  æндæр  форматы  чысылмасштабон  мадзæлттæй банысан кæндзысты  Гуырдзыстоны Хæдбарад  паддзахадон  уагдæттæ.

«26 май  бæстæйы  историйы æмæ   Гуырдзыстоны алкæцы æмбæстагæн   иттæг нысаниуæгджын датæ  у.  Ацы  аз  дунейы пандемийы тыххæй,  ацы ахсджиаг бон банысан кæнын нæ  бахъæудзæн хъауджыдæргонд форматæй.  Цæмæй  адæм ма æрымбырд уа  уыцы  нысанæн,  ацы  аз   26  майы бæрæгбонон  масштабон мадзæлттæ  нæ ацæудзæн.  Паддзахадон уагдæттæ  хæдбардзинады бон  æндæр æмæ æндæр формæйæ  сбæрæгбон  кæндзысты», –  райхъусын кодта  премьер-министры пресс-спикер  Ираклий Чиковани.