Мамука Бахтадзе – Гуырдзыстонæн фарсхæцæг акты мидæг, Уæрæсейаг окупацимæ гæсгæ дырыс æрвитæггæгтæ ис
АИШ-ы минæвæртты палатæйы æддæ хъуыддæгты комитет, Гуырдзыстнæн цы фарсхæцæг акт райста, уый у ноджы иу бæлвырдгæнæн, цæмæй Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы æхсæн ахастытæ сты сегасæй бæрзонддæр æмвæзыл- уый тыххæй Гуырдызстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый зæгъгæ у дыууæпартион æххуыс, кæцы иттæг нысаниуæгджын у.
«Знон АИШ-ы минæвæртты падатæйы æддæ хъуыддæгты комитет æмхъæлæсонæй райста иттæг нысаниуæгджын документ. Ай у Гуырдзыстонæн фарсхæцæг акт. Ацы æххуыс у дыууæпартион, кæцы тынг ахсджиаг у æмæ кæцы нлджы иу бæлвырдгæнæн у, цæмæй Гуырдзыстон æмæ АИш-ы æхсæн ахастытæ тынг бæрзонд æмвæзадыл сты» – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.
Уый америкаг хæлæрттæн раарфæ кодта.
«Фæнды мæ бузныг зæгъын нæ маерикаг хæлæрттæн, ацы тынг нысаниуæгджын документы тыххæй, кæцыйы мидæг дырысæй хаххгонд у æххæст фарсхæцынад нæ территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн. Адон сты тынг дырыс æрвитæггæгтæ уыцы фарстатæм гæсгæ, кæцытæ баст сты уырыссаг оккупациимæ, адæймаджы барты гуырымыхъхъ æфхæрдимæ, адæймæгты кæцытæ цæрынц оккупацигонд территоритыл. Тынг дырыс æрвитæггæгтæ сты алы уыцы адæймагмæ, кæцы йæ ныфс бахæсдзæн æмæ райдайдзæн æнæлегалон куыст Уæрæсейы оккупацигондл территоритыл. Ай у иттæг нысаниуæгджын фарсхæцынады текст» – райхъусын кодта Гуырдзыстоны премьер-министр.
Америкæйы Иугонд Штатты Конгрессы минæвæртты палатæйы æддæ хъуыддæгты комитет, Гуырдзыстонæн фарсхæцæг акт райста. Документы мидæг дзырдæуы, цæмæй АИШ-æ дарддæр кæны Гуырдзыстоны демиокративон хæзнатæ рапарахатæн фарс хæцын.