Цæугæ къуырийы  АИШ-ы  минæвæртты  палатæ, Украина æмæ Израилæн  æххуысы  хицæн  закъонопроектты хуызæй æркæсдзæн
Цæугæ къуырийы АИШ-ы минæвæртты палатæ, Украина æмæ Израилæн æххуысы хицæн закъонопроектты хуызæй æркæсдзæн

Цæугæ   къуырийы  АИШ-ы минæвæртты палатæ Израилы æмæ Украинайæн  æххуысы,  хицæн закъонопроекттæй  æркæсдзæн.

Уый фæдыл  Республикаг спикер   Майк Джонсон райхъусын кодта.

Джонсон куыд æмбарын  кæны афтæмæй,  Палатæ  æркæсдзæн    æдæппæт цыппар  закъонопроекты, кæцы  афтæдæр  йæ хъуыдыйы  дары   Тайванæн æххуыс æмæ АИШ-ы националон  æдасдзинад   приоритеттæ.

«Зонæм,  цæмæй  нæм Дуне кæсы, цавæр уыдзæн дзуапп.  Уыдон   сæ цæст дарынц Америкæ  слæуудзæн æви нæ  æмцæдисонæн йæ фарсмæ æмæ нæ интерестæ бахъахъхъæнынæн   æппæт дунейы. Мах уый сараздзыстæм», – банысан кодта Республикаг  спикер.

Уыимæ  Майк Джонсон  райхуъсын кодта, цæмæй  ног  закъонопроект йæ хъуыдыйы  дары  , Сенаты закъонопроекты цы æхуыс уыдис  ахæм, фæлæ иурæстæгонæй   дзы ис бæрæг хъауджыдзинæдтæ.

Республикæгтæ закъондæттæн   æнхъарæны публикаийы скæнын хъавын дыццæжы, фæлæ  хъæлæскæнынæн  72  сахатон   касты  период бахъахъхъæндзысты. Майк Джонсоны дзырдæй, зæгъгæ  хъæлæскæнын гæнæн  ис   Майрæмбоны ацæуа.