АИШ-ы минæвæртты палатæйы æддæ хъуыддæгты комитеты сæрдар - Байдены администраци йæ ныхмæ слæуудзæн Уæрæсейы лæбурдытæн НАТО-ы сæйраг æмцæдисонтæм, цахæм дæр у Гуырдзыстон
Байдены администраци йæ ныхмæ слæуудзæн Уæрæсейы лæбурдытæн НАТО-ы сæйраг æмцæдисонтæм, цахæм дæр у Гуырдзыстон – уый фæдыл АИШ-ы минæвæртты палатæйы æддæ хъуыддæгты комитеты сæрдар Грегори Микс «Америкæйы хъæлæс»-ы гуырдзиаг редкцийæн лæвæрд интервьюйы загъта.
Микс куыд банысан кодта уымæ гæсгæйæ, АИШ-ы нæ фæнды, цæмæй исчи лæбурдтытæ кæна æмцæдисонтæмæ æмæ демократимæ Европæйы æнæхъæнæй.
«Уойæ, æнæмæнгæй йæ ныхмæ слæудзыстæм Уæрæсейæн, Байдены администраци йæ ныхмæ уыдзæн лæбурдтытæн НАТО-ы сæйраг æмцæдисонтæм, цахæмдæр у Гуырдзыстон. Мах нæ фæнды цæмæй уыдон Балканты архайæт, нæ нæ фæнды цæмæй лæбурдтытæ кæной æмцæдисонтæм æмæ демократимæ Европæйы æнæхъæнæй. Нæ хъавæм Путинæн хатыргнæнæг ахаст дарæм æмæ зæгъæм, цæмæй уый цы аразы, уый гæнæн ис зæгъгæ. Цæвиттонæн Украинайы, Хъырымы цы сарызта. Мах æмцæдисонтæн сæ фарс рахæцдзыстæм, нæ хъæр сбæрзонддæр кæндзыстæм æмæ Уæрæсейæн ацы æрдгæй йæ ныхмæ слæудзыстæм» – райхъусын кодта Микс.
Уымæй уæлдай ма АИШ-ы минæвæртты палатæйы æддæаг хъуыддæгты комитеты сæрдар фæныхас кодта Гуырдзыстоны уагъд æвзæрстытыл. Журналисты фарстыл «цæстдарæг организацитæ, сæ нымæцы «Æхсæнадæмон Рæсуг – Гуырдзыстон» дзурынц, цæмæй хицаугæнæг парти паддзахад йæхи бакодта, федтам уынджы демонстрацитæ, цы зæгъит уый гуырдзиаг коллегæтæн, цы хъуамæ уыдонæн сæйраг зондамонæн, цæй æрдæм раздахæт сæ хъусдард».
Миксы дзырдæй, зæгъгæ, æвзæрстытæ хъуамæ уа рæстаг æмæ сæрибар.
«Хъусдард уыцы æрдæм раздахæт цæмæй хъуамæ уа рæстаг æмæ сæрибар æвзæрстытæ æмæ ахæм æвзæрстытæ куыацæудзæн, хицаудзинады сабырæй алæвæрд æрцæуа, уымæ нæкæсгæйæ цæмæй гæнæн ис уа ахæм гоймæгтæ, кæцытæ уый маруадзын бацархайдзысты. Уавæр иу фæсæтты адæмы хъæлæсы тыхæй. Гуырдзиаг адæмæн зæгъин, цæмæй АИШ-ы дæр федтам, цæмæй адæм, кæцы президент Трампы фарсхæцджытæ уыдысты æмæ йын цалдæр хатт схъæлæс кодтой, дзурынц, цæмæй не руадздзыстæ йæ ахæм архæйдтытæ æмæ æвзæрстыты фæстиуджытæ мæнгæй равдисыны архайд, кæцыты сфидар кодтой тæрхондæттæ æмæ æвзæрстгæнæг коллегий æмæ не руадздзысты цæмæй сæрмагонд æххæстбарты сæрты ахиза. Гуырдзиаг адæмæн зæгъин, слæуут иумæ, цæмæй сифтонг кæнат, демократийы фидардзинад æмæ хицаудзинады алæвæрд æрцæуа сабырæй» – хъусын кæны Микс «Америкæйы хъæлæс»-имæ интервьюйы.