Гиорги Гахариа – Гуырдзыстонæн фарсхæцæг акт, нысаниуæгджынæй фидардæр кæны АИШ-Гуырдзыстоны ахастытæ
Гуырдзиаг адæмы номæй мæ фæнды бузныг зæгъын АИШ-ы минæвæртты палатайæн Гуырдзыстонæн фарсхæцæг акт райсыны тыххæй. А й у Гуырдзыстонимæ баст фыццаг хæдбар закъон, кæцыйы фæрцы нæ партнерад ног кæъпхæнмæ хизы – уый фæдыл банысангонд у Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариайы фидиуæны, кæцыйы, хицауады сæргълæууæг публикаци скодта «Твиттеры» фарсыл.
«АИШ-æ махæн сеппæтæй ахсджиагдæр æмцæдисон у» – хъусын кæны Гиорги Гахариа.
Афтæма Гуырдзыстоны хицауады сæргълæууæг хахх кæны хъахъæнынады æмæ экономикон ардæмадæй документы нысаниуæг.
Цгуырдзыстонæн фарсхæцæг акт, АИШ-ы æмæ Гуырдызстоны æхсæн, хъахъхъæнынады, экономикæйы æмæ киберæдасдзинады сферæты ахастытæ нысаниуæгджынæй фæфидардæр кæндзæн. Америкæйы Иугонд Штаттимæ къундæгдæр æмкуысткæнынад Гуырдзыстонæн баххуыс уыдзæн фылдæр куыст бынаты сæвзæрын кæныны, фидар æхсæйнаг фæлтæр саразыны æмæ хъæддых æдасдзинад химæ æруадзыны» – фыссы Гиорги Гахариа «Твиттеры».
АИШ-ы минæвæртты палатæ Гуырдзыстонæн фарсхæцæн дыууæпартион акт, æмхъæлæсонæй сбæлвырд кодта. АИШ-ы минæвæртты палатæйы ныридæгæн бæлвырд закъондæттæн акты проект, æрвыст æрцæудзæн АИШ-ы сенатмæ. Сенаты æмбæлон комитетты æмæ Сенаты пленарон сессийыл закъонопроекты сфидар кæныны фæстæ, уыйы къухбафыссынæн арвитдзысты АИШ-ы президентмæ, кæцы йыл йæ къух куы бафыссы уыцы цауы, райсдзæн закъоны тых.
https://twitter.com/GakhariaGiorgi/status/1186767630104961024?ref_src=twsrc%5Etfw%7Ctwcamp%5Etweetembed%7Ctwterm%5E1186767630104961024&ref_url=https%3A%2F%2F1tv.ge%2Fnews%2Fgiorgi-gakharia-saqartvelos-mkhardamcheri-aqti-ashsh-saqartvelos-urtiertobebs-mnishvnelovnad-adzlierebs%2F%3Ffbclid%3DIwAR2naGAQ1MAZ15LlYgA8tdYe1E6uQQ4dBzobDGAEIS2kJGW1nql2p80I8Dg