Мæскуыйы иуæй-иу фысымуатæй госпитализацигонд Китайы æмбæстæгтæм коронавирус нæ фæбæрæг ис
Мæскуыйы иуæй-иу фысымуатæй госпитализацигонд Китайы æмбæстæгтæм коронавирус нæ фæбæрæг ис. Информацийы уый тыххæй агентады «ТАСС» хъусын кæны Мæскуыйы æнæнизхъахъхъæды департаменты пресс-куыстыл æнцойæ.
«Китайæ æрцæугæ туристтæ, кæцыты инфекцион рынчындонмæ знон æрбаластой, 2019 – CoV коронавирусыл басгæрсты фæстиуæгæн, рынчын не сты»- фехъусын кодтой медиафæрæзтæн уагдоны.
Афтæма, Уæрæсейы сйраг горæты æнæнизхъахъхъæды департаменты банысан кодтой, цæмæй иуæй-иу туристæн «А»типы вирус фæбæрæг ис, уый хос кæнын адарддæр кæндзæн ричнчындоны, иннæты та рафыстой.
Мæскуыйы иуæй-иу фысымуатæй, знон вирусы симптомтæй Китайы авд æмбæстагы рынчындонмæ фæхæццæ кодтой. Уыдон уыдысты 20 лæгон къорды сконды, кæцы Мæскуымæ цалдæр бон размæ ныццыдис.