Уæрæсейы хицауад  Мæскуы æмæ  оккупацигонд Хъырымыл дронтæй  бырсты фæдыл информаци  хусын кæны
Уæрæсейы хицауад Мæскуы æмæ оккупацигонд Хъырымыл дронтæй бырсты фæдыл информаци хусын кæны

Уæрæсейы  хицауад Мæскуы æмæ оккупацигонд Хъырыммæ дронтæй  бырсты  фæдыл  хъусын кæны.  Уæрæсейы  хъахъхъæнынады   министрады  хъусинагæй,  Хъырымы сæрыл  æхсæвы  æхсæз æнæпилот  тæхæн аппараты æрыппæрстой.  Уагдоны информацийæ,  дыууæ дроны   скуынæг  кодтой æрдæсакъадахы ныгуылæн донбылы районы,  ноджы  цыппар  æнæпилот   тæхæн аппарат та  цæгат-ныгуылæны  æмæ  хурыскæсæны донбылтæй.

Дронты æрыппарыны фæдыл   Мæскуыйы  мэр  Сергей  Собянин дæр  хуъсын кæны.  Йæ фидиуæнæй,  æхсæвы  Уæрæсейы  уæлдæфон  хъахъхъæнынады  тыхтæ  ныхкъуырд раттой  сæйраг горæтыл  æнæпилот  тæхæн аппаратæй  уæлдæфон  бырст. Фæстæдæр  Собянин ма фехъусын кодта,  цæмæй  горæт  æндæр районы  æрыппæрстой ноджы иу  дрон. Уыимæ, хъахъъхъæнынады министрад йæхи æрдгæй  хъусын кæны информаци Домодедовойы  районы, æнæпилот тæхæн аппараты скуынæг кæныны фæдыл.

Уыимæ уырыссаг медиайы  хæлиу кæны инфомаци, ома Уæрæсейы Орелы зылды, дронæй  бырсты фæстиуæгæн    фæзындис  сыгъд  нефты базæйыл. Зылды  губернаторы  Андрей Клычковы  хъусинагæй,   æнæпилот тæхæг аппарат  æрхауды  фæстиуæгæн  фæзындис сыгъд  индустрион объектыл.  Йæ фидиуæнй,  цауы фæстиуæгæн ничи базиан ис.