Радон зынгсирвæзт  Мæскуымæ хæстæг  базарадон  центры
Радон зынгсирвæзт Мæскуымæ хæстæг базарадон центры

Мæскуымæ хæстæг  базарадон центры  фæзындис сыгъд.  Уырыссаг медиа  куыд фыссы афтæмæй,   сыгъд  бæстыхайы фыццаг уæладзыгыл  ахæлиу ис.  Цæф у иу адæймаг.  Ныр базарадон   центрæй  æмбæстæгты эвакуаци цæуы.

Уырыссаг медиайы  информацийæ,  сыгъд абон сæумæрайсом фæзындис  Балашихайы  базарадон центр «Стройпаркы».  Уæлвæтк уавæрты фæдыл куысты хъусинагæй,  сыгъд дæс мин квадратон метр  фæзуатыл ахæлиу ис.  Зынгсирвæзты фæстиуæгæн ныккалдис  бæстыхайы  уæлхæдзар.

Зынгсирвæзт  ахуыссын кæнынæн мобилизацигонд у 35 иуæг техникæ æмæ 110  адæймаг. Развæлгъау  версийæ сыгъд фæзындис  электроадæттæны хаххыты  цыбыр ныдзæвды фæстиуæгæн.

Бакой уын кæндзыстæм фæстаг цалдæр бонмæ, Мæскуыйы  масштабон   зынгсирвæзт нырид дыккæгæм хатт фæзындис. 9 декабры  иуæй-иу гипермаркеты зынгсирвæзты  фæстиуæгæн иу адæймаг  амард.