Мæскуыйы фæстаг 24 сахаты мидæг коронавирусæй 38 адæймаг амард

Уæрæсейы   сæйраг горæты  фæстаг 24 сахаты  мидæг, коронавирусæй   фæмард  38  адæймаг.  Информацийы  уырыссаг  медиа   хъусын кæны.  Мæскуыйы  «Ковид-19»-æй  фæмардуæвджыты  нымæц  400-йæ  ахызт.

17 апрелы  фæстæ, Мæскуыйы  иу  æхсæв-бонмæ  вирусы 20-æй  фылдæр   леталон  цау  сфиксир ис.

Вирусы  ахæлиуæй  абоны  онг Уæрæсейы   «Ковид-19»-ы   74 588  цау  у  фиксиргонд, фæмард  681 адæймаг,  вирусæй рынчын   æхсæз мин адæймагæн та  схос кодтой.