Лиетувæ  Уæрæсейы патриарх Кириллæн  бæстæмæ бацыд  фæтобæ  кодта
Лиетувæ Уæрæсейы патриарх Кириллæн бæстæмæ бацыд фæтобæ кодта

Лиетувæ   Уæрæсейы рæстдинон  аргъуаны  патриарх  Кириллæн бæстæмæ  бацыд Украинайы  Уæрæсейы  интервенцийæн фарсхæцыны тыххæй  фæтобæ кодта.  Уый фæдыл информаци  Лиетувæйы  æхсæнадон Уацхæссæг  хъусын кæны.

Лиетувæйаг  медийæн бæстæйы мидхъуыддæгты министрадæй куыд фехъусын кодтой  афтæмæй,  Лиетувæ  Кирилы  æнæфæндон   гоймæгты   номхыгъдмæ нырма 23   юны  бахаста, фæлæ уый фæдыл æргом фидиуæн нæ сырæзт.

Лиетувæйы  мидхъыддæгты министрады хъусинагæй,  Патриарх Кирилл  «Сау Номхыгъдмæ» хаст у  уый  тыххæй, ома уый  нымадмæ нæ исы Украинайы  территорион æнæхъæндзинад  æмæ суверенитет,  раст кæны   æмæ йæ фарс хæцы  Уæрæсейы  агрессивон  архæйдтытæн, кæцытæ  гуырымыхъхъ сæттынц  æхсæнадæмон барады  нормæтæ æмæ  принциптæ.

«Патриарх Кирилл у  Путины   иууыл хæстæг  æмцæдисон, уый  Украинайы  ныхмæ хæсты иуæй-иу  сеппæтæй  активон   фарсхæцæг   у  æмæ   бирæ  хатт  æргомæй  райхъусын кодта   æвæрццаг аргълæвæрд  Уæрæсейы   агрессийы  фæдыл», –  дзырдæуы  уагдоны  фидиуæны.

Мæскуыйы  рæстдинон аргъуаны патриархæн Лиетувæмæ  бахызт 2027  азы  23  июны  онг  фæтобæ ис.

Уалдзæджы  Лиетувæ Евроцæдисæн банхъарыд Патриарх Кириллы сау номхыгъдмæ бахæссын, фæлæ  июны  Уæрæсейы  ныхмæ  санкциты æхсæзæм  пакеты  сбæлвырды рæстæджы уый   номхыгъдæй Венгрийы æркуырдæй  систой.