Æфтиæгты куыст – æхсæнадæмон санкцитæм æмбæлгæйæ, Гуырдзыстоны территорийæ  ивар кæны  АИШ-ы æмæ Евроцæдисы бæстæтæй æрласгæ хæдтулгæты реэкспорт Уæрæсе æмæ Белорусимæ
Æфтиæгты куыст – æхсæнадæмон санкцитæм æмбæлгæйæ, Гуырдзыстоны территорийæ ивар кæны АИШ-ы æмæ Евроцæдисы бæстæтæй æрласгæ хæдтулгæты реэкспорт Уæрæсе æмæ Белорусимæ

АИШ-ы æмæ Евроцæдисы  æрбайсгæ  санкцитæм æмбæлгæйæ, 1-аг   августæй  Гуырдзыстоны территорийæ  фæтобæ ис  АИШ-æй   æрласгæ  хæдтулгæты реэкспорт  Уæрæсе æмæ Белорусимæ. Уый фæдыл Гуырдзыстоны  Фыццаг Каналæн  фехъусын кодтой  æфтиæгты   куыстæй.

Уыимæ сæ  хъусинагæй,  26  сентябрæй  ивар кæны  Евроцæдисæй  æрласгæ  хæдтулгæты  реэкспорт Уæрæсе æмæ Белорусимæ.

«1-аг  августæй   ивар кæны   Гуырдзыстоны   территорийæ æрмæстдæр АИШ-æй æрласгæ  хæдтулгæты  реэкспорт Уæрæсе æмæ Белорусимæ. Æрмæст 26 сентябрæй  ивар кæны  Гуырдзыстоны  территорийæ  æрмæст евроцæдисæй  æрласгæ  хæдтулгæты  реэкспорт  Уæрæсе æмæ Белорусимæ, уый  æрбайсгæ  санкциты 11-æм пакетæй  куыд бæрæг,  афтæ», – хъусын кæнынц   æфтиæгты  куысты.