Æфтиæгты куыст - таможнæйы контроль цæуы æнæкъуылымпыйæ æппæт таможнæйы уадзæн пунктты
Æфтиæгты куыст - таможнæйы контроль цæуы æнæкъуылымпыйæ æппæт таможнæйы уадзæн пунктты

Финансты министрады æфтиæгты куыст дзуапп дæтты абон æндæр æмæ æндæр медийы фæрæзтæ бæстæйы арæнтыл таможнæйы контролы процедурæты фæдыл информацийæн.

Æфтиæгты куыстуаты фидиуæны куыд банысангонд у афтæмæй, Гуырдзыстоны таможнæйон территоримæ товарты импорт/экспорт, афтæ дæр æппæт таможнæйон уадзæн пунктты уылты паддзахадон арæны сæрты ахизæг хицæн адæймæгтæн таможнæйон контролы процедурæтæ цæуынц æнæкъуылымпыйæ.

Æфтиæгты службæ сиды алкæмæ дæр, цæмæй «бæстæйы уæзты контролы фæдыл æнæбындур æмæ зианхæссæг информаци ма парахат кæной».

«Мах æххæст бæрндзинадимæ хъусын кæнæм, цæмæй æнæкъуылымпыйæ цæуынц Гуырдзыстоны таможнæйон территоримæ товарты импорт/экспорт, афтæ дæр таможнæйон контролон процедурæтæ хицæн адæймæгтæн, кæцытæ ахизынц паддзахадон арæныл алы таможнæйон уадзæн пункты уылты.

Уымæй дарддæр ма, цæмæй таможнæйон контролы процедурæтæ æнæхъæн бон æххæст кæной, Гуырдзыстоны масштабæй уадзæн пунктты таможнæйы кусджыты нымæц фæфылдæр ис.

Цæмæй æхсæнадæмон уæзты змæлды рæзт æнæфæцудгæ уа, уый тыххæй таможнæйы пунктты иумæйаг къухдариуæгады фæлгæтты Æфтиæгты службæ интенсивон коммуникацийы ис Турчы, Азербайджаны æмæ Сомихыстоны республикæты æмбæлон таможнæйон администрацитимæ.

Ам æмбарын кæнæм, цæмæй æфтиæгты службæйы таможнæйон управленийæн ис фæстаг бæрæггæнæн системæтæ арæныл потенциалон тæссагдзинæдтæ ма руадзыны нысанæн.

Таможнæйы уадзæн пункттæ ифтонг сты стационарон рентгенон сканертæй алыгъуызон нысанæн, кæцытæ ифтонг кæнынц «Уыдон æнцондæр кæнынц таможнæйы контролы тагъд æххæст кæнын, афтæ ма ахъаз кæнынц æдасдзинад хъахъхъæнынæн æмæ, уыимæ иумæ, фæкъаддæр кæнынц таможнæйы басгæрсты процедурæты дæргъвæтиндзинад».

Финансты министрады æфтиæгты куыст ноджы иу хатт сиды алкæмæ дæр, цæмæй сæхи бахизой бæстæйы уæзты контролы фæдыл æнæбындур æмæ зианхæссæг информаци парахат кæнынæй» -ис фыст æфтиæгты куысты фидиуæны.