Батумы портмæ бацæуæг науæн, санкциты бын уæвæг компанийæ æрвыст уаргъы тыххæй нæзагъд уыд таможнæ процедурæтыл, ацы рæстæгмæ нау уадзы Батумы наулæууæн
Финансты министрады æфтиæгты куыст Батумы наулæууæнмæ бацæуæг науы æмæ уаргъы тыххæй фидиуæн аразы.
Æфтиæгты куысты хъусинагæй, Турчы тырысайы бын ленкæнæг нау, Батумы наулæууæнмæ бахызт 26 июны. Уый тыххæй цæмæй нæдæр нау æмæ ндæр йæ хицау, нæ уыдысты æхсæнадæмон санкциты номхыгъды, нгаумæ лæвæрд уыд бар бацыдаит Гуырдзыстоны наулæууæнмæ.
«Науыл уæвæг базайрагы тыхæхй куы зæгъæм – закондæттанадмæ æмбæлгæйæ, финансты министрады æфтиæгты куысты таможнæйы департамент бынатыл ракуырдта алы хъæугæ документаци, кæцыйы басгæрсты фæстиуæгæн сбæрæг кодта, цæмæй науыл уæвæг базайраг уыд туркмæ аласинаг уæз, кæцы иурæстæгонæй уыдис æхсæнадæмон санкциты бын уæвæг компанийæ æрвыст нефтпродукт.
Фæнысангонды тыххæй, нæзагъд уыд уаргъ сæвдæлон кæныны æмæ дарддæр таможнæйы процедурæтæ сæххæстыл. Ацы рæстæгмæ турчы тырысайы бын ленкæнæг нау йæ уаргъимæ иумæ уадзы Батумы налæууæн.
Финансты министрады æфтиæгты куысты таможнæйы департамент Гуырдзыстоны закхондæттынады æмæ æхсæнадæмон бадзырдтæм æмбæлгæйæ, фидæны дæр адарддæр кæндзæн алы уыцы продукцийы карз таомжнæ контрол кæнын, кæцы санкциты хайадисæг бæстæтæй, бахауд æзхсæнадæмон санкциты ранымадмæ» – банысангонду æфтиæгты куысты информацийы.