Чехи, Александр Дарахвелидзе, Къоба Чагунава, Нино Галусташвили, Михаил Джинджолийы æмæ Лаша Котрикадзейы ныхмæ санкцитæ сфидар кодта
Чехи Гуырдзыстоны фондз æмбæстагы ныхмæ санкцитæ снысан кодта. Уый фæдыл æскъуыддзаг абон Чехийы хицауады рабадтыл ист æрцыд.
Чехийы фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ, нысангонд адæймæгтæ ивгъуыд азы æмæ ныртæккæйы протесты рæстæджы тыхмийы æрбабырсты аххосджын сты.
Санкцитæ нысангонд сты мидхъуыдтæгты министры хæдивæг Александр Дарахвелидзейы, кæцы Чехийы æттаг хъуыдтæгты министрады информацийæ, æргомæй рараст кодта барадхъахъхъæнджыты æрдыгæй демонстрантты ныхмæ тых æмæ тыхмийы спайда.
Санкциты номхыгъды афтæ дæр сты тæрхонгæнджытæ Къоба Чагунава, Нино Галусташвили, Михеил Джинджолийæ, æмæ прочъурор Лаша Котрикадзе.
Санкцигонд адæймæгтæн Чехийы Республикæмæ бацæуын æмæ Чехийы организацитимæ цыфæнды финансон транзакцитæ æххæст кæнын тобæгонд у. Уымæй дарддæр ма, Чехийы цы активтæ ис, уыдон иууылдæр æрцæудзысты æхгæд. Чехаг меди хъусын кæны, цæмæй Гуырдзыстоны бæрнонтæ дарддæр кæнынц проевропæйаг оппозицийы уæнгты ахст, ивгъуыд азы октябры быцæусидт парламентон æвзæрстыты æмæ хицауады фæстæдæр Евроцæдисмæ бацæуыны фæдыл фæурæды фæстиуæгæн бæстæйы цæугæ протесты рæстæджы.
Чехийы фæсарæн хъуыддæгты министр Ян Липавскийы ныхæстæм гæсгæ, ахæм мадзæлттæ ныридæгæн райстой Иугонд Паддзахад, АИШ, Украинæ, Лиетува, Латви æмæ Эстони. Фæлæ ма уый расидтис, цæмæй Евроцæдисы мидæг нæй консенсус Гуырдзыстоны хицауады бæрнонты ныхмæ санкциты снысан кæныны фæдыл.