АИШ  Отар Парцхаладзейы санкциргондты номхыгъдмæ бахаста
АИШ Отар Парцхаладзейы санкциргондты номхыгъдмæ бахаста

Украинайы  Уæрæсейы хæсты тыххæй, АИШ  150-йæ фылдæр  физикон  æмæ  юридикон  уæнгæн санкцитæ фидар кæны. Санкциргонд уæнгты æхсæн ис  Гуырдзыстоны раздæры  сæйраг прокуррор Отар Парцхаладзе.

Ахæлиугонд  прессрелизы  куыд дзырдæуы  афтæмæй,   сакнциты ног пакет  иуæй-иу сеппæтæй  уæрæхдæр у  ацы  афонмæ   нысангонд арæнæвæрдты æхсæн æмæ  йæ нысан у, Уæрæсейы, Турчы, иугонд Арабаг Эмиратты  æмæ Гуырдзыстоны  æмбæстæгты æмæ компаниты ныхмæ, кæцытæ  йæ къух аразынц Уæрæсейæн   ныгуылæйнаг санкцити иуварс ацыды æмæ ныгуылæйнаг технологиты Уæрæсемæ уæй кæнынц  æмæ уый æххуыс кæнынц хæстæн.

Абоны архæйдтыты фæлгæтты. АИШ-ы хицауады   нысан сты физикон æмæ юридикон уæнгтæ, кæцытæ  хайад исынц, санкциты иуварс  ацыды. Уæрæсейы фадæтты ауæрæхдæр кæнынæн йæ къух чи аразы уыдон, Украинайы ныхмæ  хæсты адарддæры, æмæ уыдон  чидæриддæр  бæрнон сты Уæрæсейы фидæны энергоамалиуæгад стынг кæныны.

АИШ паддзахадон департамент санкцитæ фидар кæны 70-йæ фылдæр физикон уæнгы æмæ компанийæн. Кæцытæ  баст сты  Уæрæсейы  энергоресурсты амалиуæгады æмæ  экспорты потенциалы аурæх кæныны, архайынц Уæрæсейы  металлургион  æмæ мадан-амалиуæгады  секторты æмæ æххуыс кæнынц Уæрæсейы æмбæстæгтæн æмæ компанитæн сæхи аиуварс кæной  æхсæнадæмон санкцитæй.  АИШ-ы  паддзахадон департамент  афтæдæр фидар кæны санкцитæ  мыггагæй гуырдзиаг, уæрæсейаг олигарх Отар Парцхаладзеæн, кæцыйы лæггадæй  пайда кодта   æдасдзинады  федералон куыст (ФСБ)  Уæрæсейы  пайдайæн  гуырдзиаг дзыллæйы æмæ политикæйыл æндæвдад скæнынæн», –  дзырдæуы ахæлиугонд информацийы.