Натиа Турнава -  Националон Банкъы  къахдзæфтæ  æххæстæй æмбæлон сты  æхсæнадæмон санкцитæм
Натиа Турнава - Националон Банкъы къахдзæфтæ æххæстæй æмбæлон сты æхсæнадæмон санкцитæм

Гуырдзыстоны  Националон Банкы   президенты хæстæ æххæстгæнæг, фыццаг вице-президент, Натиа Турнавав, вице-президенттæ Арчил Мествришвили, Папуна Лежава æмæ Николоз Гагуа, Евроцæдисы  санкциты сыххæст  фарстайы  æхсæнадæмон  специалон минæваримæ иумæ,  Девид О ‘Салливанимæ  æмæ санкциты фарстаты АИШ-ы  æмæ Иугонд Паддзахады минæвæрттиæ Джим О ‘Брайенимæ, Кумар Айеримæ иумæ  æмæ  делегацийы  æндæр уæнгтимæ фембæлдысты.

Националон Банкы информацийæ, фембæлдыл  дзырд уыдис  финансон   санкциты  сыххæстыл, кæцы  АИШ-æ, Стыр Британи, Евроцæдис æмæ æндæр  бæстæтæ Украинайы  сæххæст   агрессвион   хæстон   архæйдтыты  тыххæй  Уæрæсеæйы Федерацийæн сфидар кодтой.

Афтæма сæ хъусинагæй,  Националон Банкы  минæвæрттæ  хъусдард раздæхтой  уыцы  фæдфæдон къахдзæфтыл, кæцы санкцитæм æххæстæй æмбæлон сты.

«Банысанкæнинаг у,ц æмæй  æхсæнадæмон  организацитæ æвæрццаг аргъ кæнынц   Националон Банкы  куыстæн  ацы  æрдгæй.   АИШ-ы  паддзахадон департаменты Гуырдзыстоны инвестицион   æрдзы  фæдыл   хыгъдлæвæрдмæ  гæсгæйæ,   Гуырдзыстоны Националон Банк  æмæ   Гуырдзыстоны финавнсон институттæ архайынц Америкæйы Иугонд Штатты æмæ æндæр бæстæты æрдæгй Уæрæсейы Федерацийæн  фидаргонд  санкцитæм æххæстæй æмбæлгæйæ.   Æхсæнадæмон  финансон санкцитæм æмбæлондзинад системонæй  контрогонд у  финансон  институтты   бынатыл   басгæрсты рæстæджы» – хъусын кæнынц Националон Банкы.

Уыимæ Натиа Турнавайы фидиуæнæй,   Националон банк  ивтонг кæны Гуырдзыстоны финансон секторы   алы  уыцы  регуляийы  æмæ арæнæвæрды сыххæст, кæцы Уæрæсейæн сфидар ис Украинамæ бырсты  фыццаг бонтæй.

«Банысанкæнинаг у уый дæр, æмæ санкциты  сыххæсты мониторинг  хæстон архæйдтыты  райдаыны  дыккаг  бонæй  цæуы æххæст, кæцыйы фæстиуджытæ  æхсæнадæмон партнертæн  абон деталонæй базонын кодтам» –   райхъусын кодта Натиа Турнава.