Лиетувæйы фæсарæн хъуыддæгты министр Киастуси Будрис хъусын кæны, цæмæй бæстæ ноджы 17 гуырдзийаг бæрнонæн санкцитæ снысан кодта
Лиетувæ ноджы 17 Гуырдзыстоны бæрнонтыл санкцитæ сфидар кодта, се æхсæн премьер-министр Ираклий Къобахидзе дæр.
Уый фæдыл социалон хызагы Лиетувæйы æттаг хъуыдтæгты министр Киастусис Будрис фыссы.
«Литва йæ фарсыл хæцы гуырдзиаг адæмæн æмæ сæ европон бæллицæн. Эстониимæ æмгуыстгæнгæйæ, санкцигонд гуырдзиаг политикты номхыгъд фæуæрæхдæр кодтам, 17 уæлæмхасæн гоймагы бахастæй, се æхсæн премьер-министр Ираклий Къобахидзе дæр. Сабырадон демонстрациты хайадисджыты, журналистты æмæ оппозицийы ныхмæ тыхмидзинад æмæ æфхæрд нæ бауадздзыстæм. Евроцæдисы æмвæзадыл иумæйаг архайдтыты рæстæг æрцыд», – ныффыста социалон хызагы Киастусис Будрис.
Информацийæн, уый размæ Лиетувæ æмæ Эстонийы æттаг хъуыдтæгты министртæ публикаци кодтой Гуырдзыстоны æмбæстæгты номхыгъд, кæцытæн сæ бæстæтæм бацæуыны тобæ уыд. Уымæй дарддæр ма, Эстонийы фæсарæн хъуыддæгты министр, Маргус Цахкна расидтис, цæмæй Эстони ноджы 14 Гуырдзыстоны бæрнонæн санкцитæ снысан кодта, се æхсæн премьер-министр, Ираклий Къобахидзе дæр.