Лиа Гигаури - Сырх Дзуары минæвæрттæ оккупацион режимы ахст Заза Гахеладзейы æнхъæлцау абон абæрæг кæндзысты
Сырх Дзуары минæвæрттæ, æнхъæлцау абон абæрæг кæндзысты Заза Гахеладзейы, – уый фæдыл фидыд æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстаты паддзахадон министры хæстæ æххæстгæнæг Лиа Гигаури райухъсын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ паддзахадон уагдæттæ интенсивон бастдзинад ис алы æхсæнадæмон партнеримæ æмæ алы механизм здæхт у уыцы æрдæм, цæмæй скъæфтгонд æмбæстæгтæ æнæуæлдай ныхасæй ссæрибар уой.
«Интенсивон бастдзинад нын ис нæ партнертимæ алкæимæ, кæмæндриддæр йæ бон у, бæрæг хуызæй бандавын ацы процесстæм. Зондзыстут æй 30 июлмæ нысангонд у Эргнеты инцидентты маруадзыны æмæ сыл реагиркæныны механизмты фæлгæтты фембæлд. Уыдис мын персоналон фембæлд Сырх Дзуары æхсæнадæмон организацийы къухадиуæггæнæгимæ Гуырдзыстоны, кæцы мын загъта, цæмæй уыцы проблемæтæ, кæцытæ куылымпы кодтой Сырх Дзуары, баст уыдысты карантины периодимæ. Растдæр ацы æсон сын бавдыстой сæхицæн, ома карантины период зæгъгæ аивгуъыдис æмæ сæм ныр ис æнхъæлц, цæмæй растдæр абон бауыдзæн сæ бон Заза Гахеладзейы абæрæг кæнын. Йæ æнæниздзинады уавæры тыххæй куы зæгъæм, уый фæдыл нын интенсивонæй дæттынц информаци, цæмæй йæ уавæр æвæрццаг у æмæ йæм ницы тас æртъхъирæн кæны. Ацы этапыл, зондзыстут æй, æдæппæт уыдысты 6 адæймаг скъæфт ацы фæстаг периоды, се ртæ оккупацигонд Абхазы территорийæ нырид ссæрибар сты, иннæ æртæ та растдæр Цхинвалы регионы сты. Сæ нымæцы ис Заза Гахеладзе. Алы уыцы механизм, кæцыйæ пайда кæнæм, здæхт у уыцы æрдæм, цæмæй æнæуæлдайныхасæй ссæрибар уа æмæ уый у иттæг нысаниуæгджын. Ницы процесстæ ацæуа, фæлæ ма æнæуæлдайныхасæй ссæрибар уой Заза Гахеладзе æмæ æндæр æрцахстуæвджытæ. Ай у иунæг домæн», – хъусын кæны Гигаури.
Оккупацион режим Заза Гахеладзейы 11 июлы Схвилойы фидары алфамбылæй территорийыл æрцахста.