Кремлы  хъусын кæнынц, цæмæй  райдыдтой  Туркимæ  «Азовсталы» хахъхъæнджыты  фыдыбæстæмæ æрыздæхыны  фарстайы бæрæгкæнын æмæ  æмбарынгæнæнтæм æнхъæлмæ кæсынц
Кремлы хъусын кæнынц, цæмæй райдыдтой Туркимæ «Азовсталы» хахъхъæнджыты фыдыбæстæмæ æрыздæхыны фарстайы бæрæгкæнын æмæ æмбарынгæнæнтæм æнхъæлмæ кæсынц

Турк, батальон  «Азовы»   скамандгæнджыты  Украинайæн  кæй  алæвæрдта уый  Уæрæсе схуыдта   бадзырды  хæлдæй. Кремлы дзурынц, цæмæй  Мæскуы   фæнысангонд фарстатйы  Туркимæ бæрæгкæнын нырид райдыдта.

Кремлы  пресс-спикер  Дмитрий Песков   банысан кодта, цæмæй Мæскуы  æнхъæлмæ кæсы   æрцæугæйы фæдыл   æмбарынгæнæнтæм  æмæ уый фæдылдзог бадзырдты  йæ  зæрдыл бадардзæн. Уыимæ  Песковы  фидиуæнæй,   зæгъгæ уавæрæн, туркы   газы   хабы  саразынимæ ницы бастдзинад ис.

Ивгъуыд азы   апрелы кæрон   уырыссаг æфсад  æрхъула кодта   дыууæ минæй фылдæр украинаг æфсæддоны æмæ  «Азовы» хæцджыты  Мариуполы  «Азовсталы»  заводы.  Зæрдæвæрæны   астæу бонтæй  уыдоны  систой уацары.   Сентябры  уацайрæгты бьаивды фæстиуæгæн, Украинайы   уацарæй  56 адæймагы  ссæрибар кодтой, Украинайы   хицауадæн та  215  адæймагы алæвæрдтой, сæ нымæцы  «Азовы»   лидерты.  Фæстаг рæстæгмæ, «Азовы»  хæцджытæ  Турчы  уыдысты, кæцы  Уæрæсейы  æркуырд уыд.  Ивгъуыд   къуырийы  кæрон Украинайы  президент  Володимир Зеленски  Туркмæ визитæй  уыд, цы ран бадзырдтæ ауагъта  Реджеб Тайип Эрдогъанимæ. Киевмæ  æрыздæхыны рæстæджы   «Зеленски» телеграммы каналы ныффыста, цæмæй йемæ  фæтæхынц  «Азовы»  хæцджытæ – Денис Прокопенко, Святослав  Паламар, Сергей  Волынски, Олег  Хоменко æмæ Денис Шлега.